Дудайты Чермен: поэзи алыхаттдӕр уыд ӕрыгӕтты фадыг

© Sputnik / FacebookЧермен Дудайты
Чермен Дудайты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дудайты Чермен ӕмхуызон ӕнцонӕй тӕрхӕттӕ кӕны поэзи ӕмӕ прозӕйыл, политикӕ ӕмӕ историйыл. Уый ӕмбарын кӕны, цӕмӕн лӕууы дыууӕ Ирыстон баиу кӕныны хъуыдыйы фарс, уый ӕмрӕстӕджы нысан кӕны, ацы процесс тӕссагдзинад дӕр кӕй ӕвзарын кӕны.

ЦХИНВАЛ, 29 сен — Sputnik, Козаты Диана. Поэт Дудайты Чермен зындгонддӕр у Цӕгат Ирыстоны, фӕлӕ йӕ фӕстаг рӕстӕджы кӕсын райдыдтой хуссары дӕр. Йӕ 31 азы кармӕ рауагъта ӕртӕ ӕмбырдгонды. Йӕ уацмыстӕ мыхуыр цӕуынц журнӕлтты, зӕрдиагӕй йӕ хонынц алыгъуызон алӕвӕрдтӕм. Йӕ популярондзинадмӕ йын ис ӕнцад ахаст.

"Нӕ тырнын публикӕйы лӕмбынӕг хъусдардмӕ. Ныртӕккӕ публикондзинад ссис цавӕрдӕр ерыс рӕстӕмбис адӕмӕн. Facebook йӕдзаг у ахӕмтӕй. Иутӕ сисынц кӕрдзыны уӕлӕ къалбасы кӕрдих, иннӕтӕ та йын комментаритӕ кӕнынц", — дзуры Чермен Sputnik уацхӕссӕгӕн.

Йӕ фыццаг ӕмдзӕвгӕтӕ ныффыста ӕрыгонӕй, ныр сӕ Чермен нымайы лӕмӕгъыл. Фӕлӕ кӕсджыты зӕрдӕмӕ цӕуынц, кӕд ӕмӕ йемыдзаг сты "максимализм ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕй", уӕддӕр.

"Фӕлӕ йӕ уӕддӕр уынын, дӕсниад сӕ бирӕ кӕй нӕй, мах та тырнӕм ӕххӕстдзинадмӕ", — худы Чермен.

Уый разы нӕу ахӕм хъуыдыйимӕ, ома поэзи ӕрыгӕттӕн нӕу ӕмӕ нырыккон фӕсивӕды нӕ хъӕуы. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, цы поэзийы изӕрты уазӕг вӕййы, уым ӕрбамбырд вӕййынц поэзийы бирӕнымӕц табугӕнджытӕ, суанг цалдӕр сӕдӕ адӕймаджы.

"Уыдон ӕрбацӕуынц сӕхи фӕндӕй. Ӕмӕ ацы рӕсугъд адӕм сӕйраджыдӕр сты фӕсивӕд. Уыдон кӕсынц ӕмдзӕвгӕтӕ, хъусынц ӕмдзӕвгӕтӕм. Поэзи алыхаттдӕр уыд ӕрыгӕтты хъуыддаг. Ирыстоны иунӕг литературон журнал "Дарьял"-ы сӕйраг редактор Тотраты Руслан кӕддӕр загъта, поэт куы свӕййы поэт 30 аздзыдӕй, уӕд уый поэт нал у. Прозаик суӕвӕн ис кардзыдӕй дӕр, фӕлӕ поэт — нӕйы", — нымайы Чермен.

Фӕсивӕдӕй бирӕтӕн уазал ахаст кӕй ис поэзимӕ, уый мидӕг Чермен аххосджын кӕны, массон информацийы фӕрӕзтӕ ацы фадыджы кӕй кӕнынц лӕмӕгъ куыст. Ныры журналистикӕ, ӕрыгон поэты ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахызт дам-думты ӕмвӕзадмӕ. Хорз журналисттӕ бирӕ ис, фӕлӕ ис ахӕмтӕ, "кӕцытӕн зын у культурон мадзалӕй ӕрмӕг саразын, уымӕн ӕмӕ йын ницы фембарынц".

"Сфӕлдыстадон адӕм та тынг бирӕ сты, фӕлӕ сӕ ничи зоны. Уымӕ гӕсгӕ, уыдон публикӕйы се `сфӕлдыстадимӕ зонгӕ кӕнынц Facebook-ы руаджы", — дзуры Чермен.

Фыссы сӕйраджыдӕр уырыссаг ӕвзагыл, фӕлӕ архайы ирон ӕвзагыл фыссын дӕр. Дзырд дӕтты, "мадӕлон ӕвзагыл аккаг ӕмдзӕвгӕтӕ куы ныффысса, уӕд сӕ рахӕсдзӕн адӕмы рӕгъмӕ". Йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдысты Сергей Есенины ӕмдзӕвгӕтӕ ирон ӕвзагмӕ тӕлмацӕй. Уый ӕмрӕстӕджы нымайы, зындгонд уырыссаг класикты стыр уацмыстӕ кӕй нал хъӕуы тӕлмац кӕнын.

© FacebookДудайты Чермен
Поэт Чермен Дудаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дудайты Чермен

"Уыдис бирӕ хорз ирон фысджытӕ, кӕцытӕ цӕрӕнбонты куыстой зындгонд уырыссаг класикты тӕлмац кӕныныл. Ныр уыдон не`хсӕн нал сты ӕмӕ сын сӕ нӕмттӕ ничидӕр зоны. Уымӕн ӕмӕ ацы уацмыстӕ алчидӕр хорз зыдта уырыссаг ӕвзагыл, тӕлмацы та ног исты ссарын зын у. Ӕмдзӕвгӕтӕ зӕрдӕ рогӕйдӕр исы. Алчи Гоголы ирон ӕвзагыл нӕ кӕсдзӕн, афтӕмӕй та ӕмдзӕвгӕтӕ мадӕлон ӕвзагыл кӕсын ӕхцон у", — дзуры уый.

Чермен райгуырд ӕмӕ схъомыл Дзӕуджыхъӕуы, фӕлӕ арӕх вӕййы Хуссар Иры. Поэт банысан кодта, кӕй йын бантыст Ирыстоны дыууӕ фарсӕй дӕр фенын, ӕмӕ банысан кодта, куыд арӕх вӕййынц цӕгаттӕгтӕ мæнгæнхъæлц хуссайрӕгтӕй, хуссайрӕгтӕ та цӕгаттӕгтӕй. Ацы хъуыддаг аиуварс кӕнынӕн ис ӕрмӕстдӕр иу фӕндаг — социалон интеграци.

"Ӕз стыр ныфс ӕвӕрын Хуссар Ирӕй ӕмӕ нымайын, уый кӕй ис хуыздӕр уавӕры Цӕгат Иримӕ абаргӕйӕ. Нӕ традицитӕ сӕндидзын кӕныныл куы дзурӕм, уӕд банысан хъӕуы хуссарирыстойнаг ӕхсӕнады цы потенциал хъахъхъӕд ӕрцыд, уый дӕр", — дзуры Чермен.

Уый нымайы, Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ир баиу кӕныны темӕйы фӕдыл кӕй ис бирӕ спекуляцитӕ, йӕ нымадмӕ гӕсгӕ, ацы процессӕн хъӕуы бирӕ рӕстӕг. Лӕууы баиу кӕныны фарс, фӕлӕ йӕм ис ныхмӕлӕуды аргументтӕ дӕр.

"Мах хуызӕн адӕм сӕхи куы раттынц империйӕн, уӕд уыимӕ иумӕ раттынц сӕ культурӕ, ӕвзаг. Ныртӕккӕ мах ныхас кӕнӕм уырыссаг ӕвзагыл, куыд дзӕуджыхъӕуккӕгтӕн сӕ фылдӕр хай, афтӕмӕй та Дзӕуджыхъӕу у националон субъекты столицӕ. Мах стӕм империйы сконды, йӕ хъусдарды бын. Ӕнӕ Уӕрӕсе ӕмӕ Гуырдзыстоны ӕндӕвдӕй Хуссар Ирыстонӕн бантысдзӕн фылдӕр ирон традицитӕ бахъахъхъӕнын", — фидарӕй дзуры Чермен.

Дудайты Чермен ӕрмӕст поэт нӕу. У активон политикон архайӕг, ис УФ коммунистон партийы сконды. Дзуры, политикӕмӕ кӕй бахауд бынтон ӕнӕнхъӕлӕджы, ацӕуын та дзы зын у. Политикӕйы 30 аздзыд кар нымайы сывӕллоны карыл. Фӕлӕ уый йӕхиуыл кусы. Поэзийӕ хи дарын зын у, политикӕйы та исы ӕхца. Раргом кодта, политикӕ йӕм кӕй кӕсы цымыдисон, ӕрмӕст йӕхи хъахъхъӕны, цӕмӕй "ма счъизи уа".

Компартийы цӕстӕнгас ӕмӕ архайд кӕддӕриддӕр нымадта растыл. Уый у йӕ идеологи, ӕмӕ нымайы, ацы идеологийӕн кӕй ис фидӕн, уымӕн ӕмӕ у "социалон рӕстдзинады идеологи, цыран нӕй ӕхсӕнады дихдзинад".

"Цӕмӕдӕр гӕсгӕ йӕ ныр нымайынц зӕрӕдты идеологийыл. Уый рӕдыд хъуыды у, ӕмӕ уыцы рӕстӕг аивгъуыйдзӕн. Ацы идеологи йӕ тӕмӕны бацӕудзӕн 45-50 азы фӕстӕ, ницӕйаг хъуыддӕгтӕ рох куы ӕрцӕудзысты адӕмӕй, баззайдзысты ма мысинӕгтӕ, Гагарин космосмӕ куыд атахт, куыд фӕуӕлахиз стӕм Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты. Интеллигентон адӕймаг алыхаттдӕр хъуамӕ тох кӕна, цӕмӕй алчидӕр цӕра хорз, ӕмӕ мах дӕр уымӕ сидӕм", — дзуры Чермен.

Ног хабӕртты лентӕ
0