ЦХИНВАЛ, 29 сент — Sputnik. Дыууӕ ирон футболисты — Зӕгъойты Алан ӕмӕ Хъесаты Алан — бахаудысты Уӕрӕсейы сӕйраг ӕмбырдгонд комадӕйы скондмӕ, хъусын кӕны УФ футболон цӕдисы офицалон сайт.
Зӕгъойты Алан нымад у Уӕрӕсейы футболы ирд стъалыйыл, ныр уымӕ бамбал ис иннӕ ирон ӕнтыстджын футболист Хъесаты Алан. Дыууӕ ирон футболист бахуадтой УФ сӕйраг командӕйы скондмӕ.
Европӕйы 2016 азы чемпионатмӕ ӕвзарӕн туры дыууӕ хъазты УФ футболы кад ныр хъахъхъӕндзысты Зӕгъойты Алан ӕмӕ Хъесаты Алан дӕр. Ацы хъӕзтыты фӕстиуӕгӕн фӕбӕрӕг уыдзӕн, Уӕрӕсе континенталон фыццагады архайдзӕн, ӕви нӕ.
"Уӕрӕсейы националон ӕмырдгонд командӕйы тренерты шатб Леонид Слуцкийы сӕргълӕудӕй хъӕзтытӕм цӕттӕ кӕнынмӕ равзӕрста 24 футболисты. Кӕд Зӕгъойты Аланы ацы номыхыгъмӕ бахӕссыны фарст рагӕй скуыддзаг уыд, уӕд Хъестаты Алан та ӕмбырдгондмӕ бакодтой ӕппын фӕстаг", — дзырдӕуы хъусинаджы.
Хъесаты Алан дӕр бӕстӕйы сӕйраг командӕмӕ кӕй бахаудзӕн, ууыл рагӕй дзырдтой специалисттӕ. Футболист ацы сезоны йӕхи равдыста фидар хъазӕгӕй. Зӕгъойты Алан хъазы футболон клуб ӔЦСК-ы ӕрдӕгхъахъхъӕнӕгӕй. Хъесаты Алан та ис футболон клуб "Локомотив"-ы сконды. Дыууӕ ирон футболисты премьер-лигӕйы ивгъуыд туры хъазыдысты кӕрӕдзи ныхмӕ, уӕд фембӕлд фӕцис ӕмдыхӕй.