Мæскуыйы байгом равдыст "Аланика. Эксперименты метод"

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæМæскуыйы байгом равдыст "Аланика. Эксперименты метод"
Мæскуыйы байгом равдыст Аланика. Эксперименты метод - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Нырыккон аивады VI Мæскуыйаг биенналейы фæлгæтты равдыстты центр "Рабочий и колхозница"-йы байгом арт-симпозиум "Аланика"-йы куыстыты коллекцийæн равдыст.

ЦХИНВАЛ, 29 сен — Sputnik. Мæскуыйы уагъд цæуы нырыккон аивады VI Мæскуыйаг биеннале, цыран райтынг экспозици "Аланика. Эксперименты метод"-ы куыст. Мадзалы информацион партнер у УФ-йы президенты цур РЦИ-А минæварады официалон сайт noar.ru, хъусын кæны 15 регион.

Дзæуджыхъæу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзæуджыхъæуы байгом IX æхсæнадæмон симпозиум "Аланика"

"Махæн æхсызгон у "Аланика"-йы Мæскуыйы уынын. "Аланика" сырæзт 1988 азы. Фыццаг уый уыд скульптурон симпозиум, уый фæстæ аивадон, фæстаг азты та йæ сæйраг здæхт у нырыккон аивад. Æдæппæт "Аланика"-йы хайад райстой 300 нывгæнæгæй фылдæр, се `мбис сты фæсарæйнаг нывгæнджытæ", — загъта фонд ART Кавказы президент Николай Хлынцов.

Фараст сезоны мидæг "Аланика" æрæмбырд кодта нырыккон аивады куыстыты стыр коллекци, кæцыйæн Ирыстонæй дарддæр раздæр равдыст никуы уыд. Мæскуыйы цы нырыккон аивады VI Мæскуыйаг биеннале байгом, уый у нырыккон аивады иууыл хуыздæр куыстыты равдыст, кæцытæ арæзт æрцыдысты симпозиумы куысты рæстæджы. Экспозицийы хайад исынц 41 нывгæнæджы 19 бæстæйæ.

"Экспертон æмæхсæнад саргъ кæндзæн ацы проектæн, профессионалты æхсæн æнæхъусдардæй нæ баззайдзæн. "Аланика"-йы перспективæтыл дзургæйæ, зæгъын хъæуы уый, æмæ ацы проект аккаг кæй у нырыккон визуалон аивад "Инновация"-йы фадыджы уæрæсейаг националон премийы хайад райсынӕн",- банысан кодта Нырыккон аивады паддзахадон центры балтиаг филиалы аивадон къухдариуæггæнæг, 2011 æмæ 2012 азты симпозиум"Аланика"-йы куратор Евгений Уманский.

Равдысттæ "Аланика. Эксперименты метод" æмæ "Фидæн. Аивад æрæмысгæ фидæны" адарддæр уыдзысты 2015 азы 23 октябрмæ, æхсæнадæмон равдыстон центр "Рабочий и Колхозница"-йы.

Ног хабӕртты лентӕ
0