ЦХИНВАЛ, 29 сен — Sputnik. Хӕстон Хуссар Ирыстоны къамтӕ ӕвдыст ӕрцыдысты фоторавдыст "Рӕстдзинад объективы"-йы, кӕцы байгом дыццӕджы Смоленскы, хъусын кӕны Московский Комсомолец.
Равдысты фӕстаг ӕнусы хӕстон цаутӕ ӕвдисӕг нывты ӕхсӕн ирдӕй зынынц Хуссар Ирыстоны 2008 азы хӕстон архайдтытӕ.
2008 азы гуырдзиаг-ирон хӕсты рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны уӕззау уавӕр дунемӕ фехъусын кӕнын ӕмӕ информацион блокадӕ атоныныл цы журналисттӕ архайдтой, уыдоны куыстытӕ дӕр бахаудтой равдыстмӕ.
"200 къамы ӕвдисынц Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты, Афганистаны, Приднестровьейы, Югославийы, Цӕцӕны, Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Украинӕйы хуссар-скӕсӕн хайы хӕстон уавӕр", — дзырдӕуы хъуысинаджы.
Равдысты ис ӕфсӕддон уацхӕсджыты къамтӕ, кӕцытӕ сӕ куыст кодтой дунейы алы къуымты, хӕстон уавӕрмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ.
Экспозици фенӕн уыдзӕн 14 октябрмӕ. Мадзалы ис, сӕ профессионалон хӕс ӕххӕстгӕнгӕйӕ цы журналисттӕ бабын сты, уыдон куыстытӕ, се ‘хсӕн Андрей Стенин, Игорь Корнелюк ӕмӕ Антон Волошин.