ЦХИНВАЛ, 30 сен — Sputnik. Уӕрӕсейы Федерацийы совет бар радта уӕрӕсейаг президентӕн УФ Гарзджын тыхтӕй фӕсарӕнты спайда кӕнын, фехъусын кодта РИА Новости УФ президенты администрацийы сӕргълӕууӕг Сергей Иванов.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сенатортӕ ӕмхъӕлӕсӕй разыдзинад равдыстой президенты ӕрсидтимӕ.
Сергей Иванов загъта, фарст кӕй хауы Сиримӕ, кӕцыйы президент бахатыд Владимир Путинмӕ ӕфсӕддон ӕххуыс бакӕныны тыххӕй. Иванов банысан кодта, дзырд кӕй цӕуы ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон-уӕлдӕфон операцийыл.
Раздӕр Владимир Путин ӕрсидт Федерацийы Советмӕ, цӕмӕй ӕфсадӕй фӕсарӕнты спайда кӕныны тыххӕй радтой сӕ разыдзинад.
Фӕстаг хатт 2014 азы марты Федерацийы Совет ӕмхъӕлӕсӕй разыдзинад радта УФ Гарзджын тыхтӕй спайда кӕнын Украинӕйы территорийыл (Хъырымы автономон республикӕйы), цалынмӕ ацы бӕстӕйы ӕхсӕнадон-политикон уавӕр не `рбӕстон. Уынаффӕ райсты фӕстӕ референдумы фӕстиуджытӕм гӕсгӕ Хъырым ссис Уӕрӕсейы субъект.