ЦХИНВАЛ, 30 сен — Sputnik. Цхинвайлаг микрорайон ЦАРЗы цæрджытæн аскъуыддзаг сæ сæйраг проблемæтæй иу, кæцы сæ дæргъвæтин æзты хъыг дардта сæ хæдзæртты комфортимæ цæрын. Горæты коммуналон службæтæ æрæвнæлдтой районы бирæуæладзыгон хæдзæртты ныккæндон инженерон хæтæлтæ ивынмæ, фехъусын кодтой Sputnik столицæйы мэрияйы.
Бирæуæладзыгон хæдзæртты цæрæг Гæбæраты Аликы ныхæстæм гæсгæ, ихсыд доны хӕтӕлты фæстиуæгæн ныккæндтæ арæх йедзаг кодтой донæй æмæ иу уырдыгæй калд смаг.
"Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ ныккæндты æфснайд вæййынц зымæгмæ фӕсауӕрцтӕ, компоттæ æмæ а. д. Ныккæндтæ донæй йæдзаг кæй уыдысты, уый тыххæй сæм бацæуæн дæр нал уыд. Æвзæр тæф та суанг уæлдæр уæладзыгты онг дӕр калд", — Загъта Алик.
Горæты мэрияйы фехъусын кодтой, микрорайоны цæрджытæ арæх кæй цыдысты хъæстмæ ацы проблемæйы фæдыл, фæлæ йӕ аскъуыддзаг кӕныны фадат ныры онг нæ уыд. Администрацийы фехъусын кодтой, ацы районы коммуникацитæ ивд кæй нæ уыдысты 1970-æм азæй, ома хæдзæрттæ эксплуатацимæ лæвæрд куы ӕрцыдысты, уæдæй фæстæмæ.
"Æфсæйнаг хӕтӕлты бæсты æвæрæм нырыккон пластиконтæ. Куыстытæ цæмæй тагъддæр кæронмæ бахæццæ уой, уый тыххæй фадгуыты кусынц дыгай бригадæтæ. Уыдон ифтонг сты æппæт æнæмæнгхъæуæг техникæйæ", — загътой мэрияйы.
Горæты администрацийы минæвары ныхæстæм гæсгæ, ацы куыстытæ баконд æрцыдысты столицæйы стырдæр микрорайонты.
Ацы аз ма горæты администрацийæн бантыст аскъуыддзаг кæнын ноджыдæр иу проблемæ, кæцы тынг тыхсын кодта Цхинвалы фаллаг фарс районы цæрджыты. Ацы районы советон дуджы дæр уыд проблемæтæ донимæ, фӕлӕ ныр тагъд рæстæджы ифтонг æрцæудзæн нуазыны донæй.
Ацы районы цæрæг Ходты Иринæйы ныхæстæм гæсгæ, уыдон иууыл хастой дон иу километр дæрддзæф крантæй. иринӕйы ныфс нал уыд, дон ма сæм искуы рацæудзæн, уымæй æмæ ныр йæ фыдæбæттæн æрцæудзæн кæрон.
Мэрияйы фехъусын кодтой, октябры райдианы ацы районы алкæцы уынгыл дæр кæй райдайдзысты магистралон доны хæтæл уадзыны куыстытæ.