Цӕгат Иры бафӕлвӕрдтой рагон нӕртон нозт "ронг" саразын

© Sputnik / Ю. Гурьев /  Ахизын медиабанкмæРагон наузӕнгарз.
Рагон наузӕнгарз. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ронджы раст рецепт фесӕфтис дыууӕ ӕнусы размӕ. Фӕлӕ ныр бӕгӕныфыцджытӕ бафӕлвӕрдтой ронгмӕ тынг ӕнгӕс нозт саразын. Историон ӕрмӕджыты ацы нозты тыххӕй цы фыстытӕ баззад, уыдон хынцгӕйӕ, ронг арӕзт цӕуы нырыккон бӕгӕныфыцӕн сӕрмагонд ифтонггарзыл.

ЦХИНВАЛ, 30 сен — Sputnik. Рагон нӕртон нозт ронг бафӕлвӕрдтой саразын Цӕгат Ирыстоны. Ныры дуджы "Уациллатӕ" рагон историкон бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕмӕ нырыккон ифтонгады фӕрцы ногӕй сфӕлдыстой Нарты уарзондæр нозты рецепт, хъусын кӕны МИР-24.

Ирон адӕмы рагфыдӕлты уарзондæр нозт "ронг", Нарты кадджытӕ куыд бӕлвырд кӕнынц, афтӕмӕй фыццаг хатт сарӕзта Уацилла. Карзгомау нозт арӕзтой мыд, дон, хуымæллæг ӕмӕ битъынайӕ. Ронджы раст рецепт фесӕфтис дыууӕ ӕнусы размӕ.

Цӕгатирыстойнаг бӕгӕныфыцджытӕ бафӕлвӕрдтой ронгмӕ тынг ӕнгӕс нозт саразын. Историон ӕрмӕджыты ацы нозты тыххӕй цы фыстытӕ баззад, уыдон хынцгӕйӕ, ронг арӕзт цӕуы нырыккон бӕгӕныфыцӕн сӕрмагонд ифтонггарзыл.

"XXI ӕнусы ронг у шампайнагы хуызӕн. Цӕттӕ йӕ кӕнынц фондз боны дӕргъы, цӕмӕй расыг кӕна, уый тыххӕй та йӕ фӕдарынц иу мӕйы дӕргъы. Нымадтой йӕ цытджын ӕмӕ расыггӕнаг нозтыл", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Ронгаразӕг Хайты Олег куыд банысан кодта, афтӕмӕй ронг у ритуалон нозт ӕмӕ ӕрвылбон нуазынӕн нӕу.

"Иумӕйагӕй сисгӕйӕ, ронг у мыдӕй арӕзт нозт ӕмӕ дзы ахсджиаг у сӕйраг компоненты хуыз ӕмӕ ад", — дзуры Хайты Олег.

Ацы хабар тынг бацымыдис кодта уӕрӕсейаг бизнесменты ӕмӕ ронджы фыццаг парти ӕввахс рӕстӕджы фӕхӕццӕ уыдзӕн Санкт-Петербургмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0