ЦХИНВАЛ, 1 окт — Sputnik. Бæрæгбонон концерт Хуссар Ирыстоны кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль "Симд" хайадистимæ уагъд æрцыд Сухумы æртыццæджы, 30 сентябры, хъусын кæны Sputnik Абхазия.
Фыццаг вице-премьер Шамиль Адзынба раарфæ кодта абхазаг адæмæн Уæлахизы боны цытæн.
"22 азы у æнæхъæн эпохæ, æнæхъæн фæлтæр. Мах бирæ фыдæбæттæ баййæфтам ацы рæстæджы. Бæстæ аразын æнцон нæу, фæлæ æнцон фæндæгтæ нæ агурæм. Мах равзæрстам нæ хъысмæт 14 августы. Нæ къухмæ хæцæнгарз райстӕй мах сфидар кодтам нæ фæндтæ", — загъта Адзынба.
Уæлахизы боны цытæн ма абхазаг адæмæн раарфæ кодта Уæрæсейы Федерацийы минæвар Абхазы республикæйы Семен Григорьев.
"Абон у Абхазы сæйраг националон бæрæгбон — хæдбардзинады бон. Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путин арвыста арфæйы тел абхазы президент Рауль Хаджимбамæ", — банысан кодта минæвар.
Галаты Барисы номыл Республикæ Хуссар Ирыстоны кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль "Симд" арæзт æрцыд 1936 азы. Ансамблы аивадон къухдариуæггæнæг ныртæккæ у Саулохты Сергей.
Йæ равзæрды фæстæмæ "Симд" схъомыл кодта тынг бирæ профессионалон музыканттæ, композитортæ, хореографтæ æмæ кафджытæ.