Цхинвалы уагъд ӕрцӕудзӕн ӕппӕтреспубликон турнир рог атлетикӕйӕ

© Sputnik / Рамиль Ситдиков /  Ахизын медиабанкмæӔвзонг атлеттӕ сӕ тыхтӕ ӕвзардзысты лидзынӕй, гӕпп кӕнынӕй ӕмӕ ядро ӕхсынӕй
Ӕвзонг атлеттӕ сӕ тыхтӕ ӕвзардзысты лидзынӕй, гӕпп кӕнынӕй ӕмӕ ядро ӕхсынӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Скъоладзаутӕ сӕ тыхтӕ ӕвзардзысты рог ателетикӕйы Федерацийы президенты кубок рамбулыны сӕраппонд. Ерысты организатортӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц 300 ӕвзонг спортсменмӕ республикӕйы алы къуымтӕй.

ЦХИНВАЛ, 1 окт- Sputnik. Хуссар Ирыстоны уагъд ӕрцӕудзӕн Ӕппӕтреспубликон турнир рог атлетикӕйӕ скъоладзауты ӕхсӕн, фехъусын кодта Sputnik тренер ӕмӕ рог атлетикӕйы скъолайы директор Цъӕхилты Игорь.

Скъоладзаутӕ 10 октябры ерыс кӕндзысты рог ателетикӕйы Федерацийы президенты кубок рамбулыны сӕраппонд. Ерысты организатортӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц 300 ӕвзонг спортсменмӕ республикӕйы алы къуымтӕй.

"Цхинвалы Цхуырбаты Гурамы номыл республикон стадионы рог атлетикӕйы цалдӕр хуызы архайыдзысты скъолайы кары сӕдӕгай спортсментӕ Знауыры, Дзауы, Ленингоры ӕмӕ Цхинвалы районтӕй. Ӕвзонг атлеттӕ сӕ тыхтӕ ӕвзардзысты лидзынӕй, гӕпп кӕнынӕй ӕмӕ ядро ӕхсынӕй", — банысан кодта Цъӕхилты Игорь.

Уый ма куыд радзырдта, афтӕмӕй цӕмӕй тӕрхонад хъаугъайаг ма уа, уый тыххӕй тыхджындӕрты бӕрӕг кӕндзысты канд бынӕттон специалисттӕ нӕ, фӕлӕ ма ӕрхондзысты жюрийы уӕнгты Цӕгат Ирӕй дӕр.

"Ерыстӕ цӕудзысты куыд лӕппуты, афтӕ чызджыты ӕхсӕн дӕр. Иу скъоладзауӕн ис ӕрмӕстдӕр дыууӕ хуызы ерысты хайад райсыны бар", — зӕгъы уый.

© Sputnik / Аида ГагиеваӔвзонг атлеттӕ сӕ тыхтӕ ӕвзардзысты лидзынӕй, гӕпп кӕнынӕй ӕмӕ ядро ӕхсынӕй.
Веселые старты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕвзонг атлеттӕ сӕ тыхтӕ ӕвзардзысты лидзынӕй, гӕпп кӕнынӕй ӕмӕ ядро ӕхсынӕй.

Тренер ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта, ацы турниры фӕстӕ та уагъд кӕй ӕрцӕудзӕн Ирыстоны хъайтартӕ Багаты Амиран ӕмӕ Джиоты Азӕмӕты номарӕн ӕхсӕнадӕмон турнир.

"24 октябры фӕнд кӕнӕм ӕхсӕнадӕмон турнирмӕ ӕрхонын ӕвзонг спортсменты фӕсарӕнтӕй дӕр. Бынӕттон тыхджындӕр атлеттӕн дӕр ӕхсӕнадӕмон ӕвӕзады сӕ физикон цӕттӕдзинад равдисдзыстӕм. Ерыстӕ арӕзт ӕрцӕудзысты Фӕсивӕдон политкӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитетимӕ иумӕ", — бафтыдта йӕ ныхӕстӕм Цъӕхилы фырт.

Рог атлетикӕйы Федерацийы президенты кубок рамбулыны сӕраппонд ерыстӕ Хуссар Ирыстоны уагъд цӕуынц ныр ӕрыккаг аз. Гуырахстджын турнир организацигонд цӕуы Хуссар Ирыстоны рог атлетикӕйы Федерацийы президент Икъаты Русланы финансон ӕххуысы фӕрцы.

Ног хабӕртты лентӕ
0