Уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Уӕрӕсейы ӕмбырдгонд баххӕст кодтой фондз ирон богалы

© Sputnik / Алексей Филиппов /  Ахизын медиабанкмæУӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй ерыстӕ
Уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй ерыстӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон спортсментӕ Рӕмонты Сослан, Гацалты Хаджимурӕт, Тускъаты Азӕмӕт, Байцаты Владислав ӕмӕ Цӕболты Хетӕг хъахъхъӕнынц.

ЦХИНВАЛ, 2 окт — Sputnik. Дунейон ӕфсӕддон ерысты архайгӕйӕ уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Уӕрӕсейы ӕмбырдгонд командӕйы аст спортсменӕй фондз сты ирӕттӕ, хъусын кӕны 15 регион.

VI дунейон ӕфсӕддон ерыстӕ цӕуынц Хуссар Кореяйы горӕт Мунгенейы. Ерыстӕ райдыдтой майрӕмбоны ӕмӕ ахӕсдзысты 13 октябрмӕ.

"ӔЦСК-ы тренерты къорд спортивон хъӕбысхӕсты ӕмбырдгонды скондмӕ бахаста ивындзинӕдтӕ. Олимпиаг хъӕзтыты призер Денис Царгушӕн йӕ бон кӕй нӕу тавмӕйы фӕстӕ ерысты хайад исын, уымӕ гӕсгӕ 74 килограммы уӕзы Уӕрӕсейы спортивон кад хъахъхъӕндзӕн дунейы чемпион Цӕболты Хетӕг, 70 килограммы уӕзы та Рӕмонты Сослан", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Афтӕ ма Уӕрӕсейы спортивон кад дунейон ерысты хъахъхъӕнынц Гацалты Хаджимурӕт, Тускъаты Азӕмӕт ӕмӕ Байцаты Владислав.

Ног хабӕртты лентӕ
0