Мэр: гимнази "Рухс"-ы ничи рарвитдзӕн фыццӕгӕм скъолайы агъуыстӕй

© Sputnik / Владимир Акоефф /  Ахизын медиабанкмæ1-аг скъолайы агъуыст
1-аг скъолайы агъуыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гимнази "Рухс" ӕмӕ Кадетон скъола дарддӕр дӕр ахуыр кӕндзысты Цхинвалы фыццӕгӕм скъолайы бӕстыхайы, загъта мэр Ӕлборты Алан.

ЦХИНВАЛ, 2 окт — Sputnik, Козаты Диана. Рӕстдинон гимнази "Рухс" ӕмӕ Кадетон скъола дарддӕр дӕр ахуыр кӕндзысты фыццӕгӕм скъолайы бӕстыхайы, фехъусын кодта Sputnik Цхинвалы мэр Ӕлборты Алан.

Ахуыры азы размӕ фыццӕгӕм скъолайы къухдариуӕгад ӕрдомдта, цӕмӕй гимнази ӕмӕ кадетон скъолатӕ цы хатӕнты кусынц, уыдон ссӕрибар кӕной, науӕд ӕртхъирӕн кодта "хъалонты фӕдыл инспекци ӕмӕ прокуратурӕмӕ хъӕстытӕ бадӕттынӕй, цӕмӕй райсой арендӕйы фиддонтӕ ӕмӕ бӕстыхайӕн цы зиан ӕрхастой, уый бафидой".

Цхинвалы 1-ӕм скъола - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рӕстдинон гимнази "Рухс"-ы ахуыргӕнинӕгтӕ гӕнӕн ис аззайой уынджы

"Ничи никӕй рарвитдзӕн, науӕд та расурдзӕн. Скъолайы къухдариуӕгадӕн бар нӕй ацы фарст иунӕгӕй скуыддзаг кӕнынӕн. Цалынмӕ гимназийы разамынд ӕмӕ Хъахъхъӕнынады министрадимӕ иумӕ не ‘ссарӕм дыууӕ ахуырадон уагдонӕн бӕстыхӕйттӕ, уӕдмӕ сын ис бар фыццӕгӕм скъолайы агъуысты ахуыр кӕнын. Фыццӕгӕм скъолайы дирекци тыхсы скъолайы æвæрддзинад ӕмӕ инвентарь бахъахъхъӕныныл, ӕмӕ уый раст у",- загъта мэр.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, горӕты администраци цӕттӕ у гимназийӕн раттын сабидоны бӕстыхай, цыран скъола ахуыр кодта раздӕр, науӕд та Сӕрибардзинады фӕзуатмӕ хӕстӕг цы раздӕры универмагы бӕстыхай ис, уый. Фӕлӕ мэр куыд бафиппайдта, афтӕмӕй ныридӕгӕн горӕты администрацимӕ нӕй ацы бӕстыхӕйтты сцалцӕг кӕныны фӕрӕзтӕ.

"Кӕд гимназийы къухдариуӕгад ‘ссара, чи сын сӕндидзын кӕна сӕ бӕстыхай, уӕд сын мах дӕр сӕ къух сараздзыстӕм ӕмӕ сын баххуыс кӕндзыстӕм", — ныфс дӕтты Ӕлборты Алан.

Ирыстоны хъайтар Хуыбылты Валерийы номыл рӕстдинон гимнази "Рухс"-ӕн бындур ӕвӕрд ӕрцыд 1994 азы. Абон скъолайы ахуыр кӕны 330 скъоладзауы. Ацы аз гимназимӕ ахуырмӕ фыццаг къласмӕ фӕнд кодта бацӕуын 150 ахуырдзауы, фӕлӕ сын хатӕнтӕ кӕй нӕ фаг кӕны, уымӕ гӕсгӕ райстой ӕрмӕстдӕр 44.

Ног хабӕртты лентӕ
0