Гаагæйы тæрхондон æркуырдта Уӕрӕсейæ Хуссар Ирыстоны хæсты фæдыл æрмæджытæ

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæУФ Гуырдзыстоны архæйдтытæн аргъ кæны, куыд æхсæнадæмон æмæ æфсæддон фыдракæндтæ.
УФ Гуырдзыстоны архæйдтытæн аргъ кæны, куыд æхсæнадæмон æмæ æфсæддон фыдракæндтæ. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæдагурæн комитеты сæргълæууæг Александр Бастрыкин фехъусын кодта, Гаагайæ кæй æрцыд домæн, цæмæй сæм лæвæрд æрцæуой Хуссар Ирыстоны 2008 азы æрцæугæ цауты фæдыл æрмæджытæ. УФ Гуырдзыстоны архæйдтытæн аргъ кæны, куыд æхсæнадæмон æмæ æфсæддон фыдракæндтæ.

ЦХИНВАЛ, 6 окт — Sputnik. Гаагæйы æхсæнадæмон тæрхондон æркуырдта Уӕрӕсейæ æрмæджытæ 2008 азы Хуссар Ирыстоны хæсты фæдыл, фехъусын кодта дыццæджы Уæрæсейы Фæдагурæн комитеты (ФК) сæргълæууæг Александр Бастрыкин.

"Æртæ боны размæ Гаагæйæ æрцыд фыстæг, цæмæй сæм бавдисæм æрмæджытæ", — загъта Бастрыкин.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, æхсæнадæмон æмбалад ницæуыл нымайы Фæдагурæн комитеты нысаниуæгджын куыстытæ, зæгъæм 2008 азы Ирыстоны æрцæугæ цауты фæдыл.

"Нæ куысты бæрц у 500 томы. Ныры онг иу æмæхсæнадон организаци дæр нæ бацымыдис кодта ацы хъуыддагмæ. Мах Гуырдзыстоны архæйдтытæн аргъ кæнæм, куыд æхсæнадæмон æмæ æфсæддон фыдракæндтæ, æмæ уый фæдыл æрмæджытæ бавдыстам Гаагæйы æхсæнадæмон тæрхондонмæ", — загъта Бастрыкин.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, æрмæджытæ æркастмæ ист нерцыдысты 2008 азӕй фӕстӕмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0