Теделеты хъæуæн балæвар кодтой ног клуб

© Sputnik / Дина ГассиеваТеделеты хъæуæн балæвар кодтой ног клуб
Теделеты хъæуæн балæвар кодтой ног клуб - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæлхох хъæу Теделеты ницы ирхæфсæн мадзæлттæ уыд. Ныр ацы проблемæ иу хайæ скъуыддзаг æрцыд, Хуссар Ирыстоны раздæры премьер Хуыгаты Ростик йæхи æхцайы фæрæзтæй сарæзта ног хъæууон клуб.

ЦХИНВАЛ, 6 окт — Sputnik. Дæрддзæф хуссарирыстойнаг хъæу Теделеты цæрджытæн сарæзтой ног хъæууон клуб. Бæстыхай хъæуæн балæвар кодта Хуссар Ирыстоны раздæры премьер Хуыгаты Ростик.

Уæлхох хъæу Теделет æвæрд у Хуссар Ирыстоны Дзауы районы. Ам цæры 14 бинонтæ, сæйраджыдæр Бестаутæ æмæ Танделатæ.

Хъæумæ автобус цæуы къуыри иу хатт, Теделеты цæрæг сывæллæттæ ахуыр кæнынц Синагуры скъолайы.

Телеуынынад ам нæ кусы, нæ дзы цæуы ирхæфсæн мадзæлттæ. Хуссар Ирыстоны иннæ хъæуты уæлдай Теделеты цæрджытæ сты астæуккаг кары адæм, ис дзы сывæллæттæ æмæ фæсивæд.

Уымæ гæсгæ, цæрджытæ сæйраджыдæр курæг уыдысты къухдариуæгадæй, цæмæй сын уа, сæ фæллад кæм суадзой, ахæм бынат. Ацы курдиатæн премьеры бынатæй ацыды фæстæ сдзуапп кодта Хуыгаты Ростик.

 

 

Къаннæг хъæдын агъуысты æрбынат кæндзысты библиотекæ æмæ сывæллæттæн ирхæфсæн зал. Ардæм ма хъæуы цæрджытæ æмбырд кæндзысты спутникон антеннæйы руаджы телевизормæ кæсынмæ.

Агъуыст саразыны фæстæ æрлæууыд, персонал æмæ клуб цы æхцайы фæрæзтæй кусдзæн, уыцы фарст. Клуб бакæныны церемонийы рæстæджы Хуыгайы фырт æмæ Дзауы районы сæргълæууæг Чилæхсаты Владимир аскъуыддзаг кодтой, ног культурон агъуысты кусджытæн фыццаг рæстæг мызд кæй фиддзæн Хуыгаты Ростикы фонд "Амонд", иннæ аз та клуб æвæрд æрцæудзæн районы балансыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0