Паддзахадон Думæ аскъуыддзаг кодта 2016 азы пенситæ фæфылдæр кæнын

© Sputnik / Игорь Маслов /  Ахизын медиабанкмæПаддзахадон Думæ аскъуыддзаг кодта 2016 азы пенситæ фæфылдæр кæнын
Паддзахадон Думæ аскъуыддзаг кодта 2016 азы пенситæ фæфылдæр кæнын - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Пенситæ фæфылдæр уыдзысты февралы æмæ фæззæджы. Паддзахадон къамисы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, кусгæ чи кæны, уыцы пенсионертæй дарддæр, иннæтæн февралы сæ пенси фæфылдæр уыдзæн 4% бæрц.

ЦХИНВАЛ, 9 окт —Sputnik. Райст æрцыд уынаффæ, кæцымæ гæсгæ Уӕрӕсейы пенситæ 2016 азы фæфылдæр уыдзысты дыууæ хатты, фехъусын кодта майрæмбоны паддзахадон Думæйы куыст, социалон политикæ æмæ ветеранты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæргълæууæг Ольга Баталина.

"Скъуыддзаг æрцыд, пенситæ 2016 азы кæй фæфылдæр уыдзысты дыууæ хатт — февралы æмæ фæззæджы. Индексацийы нысан у 2015 азы инфляцийы бæрц пенситæ фæфылдæр кæнын", — ныффыста уый йæ микроблогы Twitter.

Цыппæрæмы изæрæй УФ фыццаг вице-премьер Игорь Шувалов фехъусын кодта, 2016 азы дыккаг, уæлæмхас, индексаци ма баст кæй уыдзæн экономикæйы рæзтимæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0