Лукашенко рамбылдта Белоруссийы президентон ӕвзӕрстыты

© RIA Novosti . Виктор Толочко /  Ахизын медиабанкмæЛукашенко рамбылдта Белоруссийы президентон ӕвзӕрстыты
Лукашенко рамбылдта Белоруссийы президентон ӕвзӕрстыты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Централон ӕвзарӕн къамисы сӕрдар Лидия Ермошина куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй Белоруссийы ныры президентӕн схъӕлӕс кодтой ӕвзарджыты 83,49% онг.

ЦХИНВАЛ, 12 окт — Sputnik. Белоруссийы ныры сӕргълӕууӕг Александр Лукашенко рамбылдта президентон ӕвзӕрстыты, уымӕн схъӕлӕс кодта ӕвзарджыты 83,49 %, фехъусын кодта Централон ӕвзарӕн къамисы (ЦӔК) сӕрдар Лидия Ермошина.

"Ӕмткӕй республикӕйы Александр Лукашенко райста хъӕлӕсты 83,49%", — загъта Ермошина.

Хъӕлӕсӕппӕрсты Лукашенко иууыл хуыздӕр бӕрӕггӕнӕнтӕ райста Могилевскы областы — ам йе ‘вварс схъӕлӕс кодта ӕвзарджыты 88,29%. Иууыл мӕгуырау бӕрӕггӕнӕнтӕ та йын уыд Минскы, уым райста ӕрмӕстдӕр хъӕлӕсты 65,58%. Ацы ӕвзӕрстыты Лукошенко равдыста иууыл хуыздӕр бӕрӕггӕнӕнтӕ йӕ фондз ӕвзӕрстон кампанийы рӕстӕджы.

Лидия Ермошина куыд загъта, афтӕмӕй ЦӔК-ы развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, оппозицион кампани "Говори правду"-йы раздзог, Белоруссийы историйы фыццаг сылгоймаг-кандидат Татьяна Короткевич райста 4,42%, аннӕ кандидаттӕ та уымӕй къаддӕр.

ЦӔК-ы бӕрӕггӕнӕнты нырма хынцыд не ‘рцыдысты, фӕсарӕнты цы ӕвзарӕн фадгуытӕ уыд, уыдон куысты фӕстиуджытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0