Хуссарирыстойнаг хъæу Хелцуайы баконд æрцыд Гуырдзыстонимæ арæныл уадзæн пункт

Гуырдзыстонимæ арæныл уадзæн пункт
Гуырдзыстонимæ арæныл уадзæн пункт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн арæныл ноджы иу уадзæн пункты баконд фæрогдæр кæндзæн ахастытæ хæстæджыты æхсæн, кæцытæ цæрынц арæнгæрон хъæу Хелцуа æмæ гуырдзиаг хъæу Зардиантхъары.

ЦХИНВАЛ, 12 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы арæнгæрон хъæу Хелцуайы баконд æрцыд Хуссар Ирыстон æмæГуырдзыстоны æхсæн паддзахадон арæныл уадзæн пункт. Ахæм уынаффæ рахастæуыд хицауады æмбырды рæстæджы майрæмбоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты хъæппæрисæй.

Ныры онг Хуссар Ирыстоны архайдтой æртæ уадзæн пункты — дыууæ Дзауы районы æмæ иу та Ленингоры районы. Хелцуайы хъæу лæууы гуырдзиаг хъæу Зардиантхъаримæ хæстæг, цыран цæрынц цалдæр ирон бинонтæ.

"Ацы бынаты уадзæн пункт бакæнынæн ныры онг бындур уыд Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæргълæууæджы куырдиат, кæцы бахатыд уæрæсейаг коллегæтæм, Гуырдзыстоны территорийыл уæвæг гуырдзиаг хъæу Зардиантхъарийы цæрджытæн Хелцуайы уадзæн пункт бакæныны тыххæй", — загъта ПÆК-ы Арæнгæрон службæйы сæргълæууæг Валерий Зозуля.

Президент Тыбылты Леониды ныхæстæм гæсгæ, арæны æдасдзинад хъахъхъæныны хъуыддаджы хъæуы хынцын хæстæджыты уавæр, кæцытæ аззадысты арæны æндæр æмæ æндæр фæрсты.

"Хынцын хъæуы адæмы хæстæгон ахастытæ, кæцытæ цæрынц арæны дыууæ фарс. Уыдон сты не`мбæстæгтæ æмæ нæ хæс у сæ уавæр фæрогдæр кæнын", — загъта уый.

Хелцуайы хъæуы уадзæн пункт бакæныны тыххæй президенты æнхъарæн хицауады уæнгтæ хорзыл банымадтой æмхъæлæсæй. Уымæй дарддæр ма æмбырды хайадисджытæ æркастысты арæнгæрон зонæйы реорганизацийы фарстмæ. Уый та нысан кæны уый, æмæ дзы раконд кæй æрцæудзысты цалдæр цӕрӕн пункты.

"Ацы уынаффæтæ фæахъаз уыдзысты арæнгæрон территорийыл æдасдзинад фæуæлдæр кæнын. Республикæйы æмбæстæгтæн фæзындзæн фадат æнæ цæлхдуртæй рацу-бацу кæнынæн", — загъта Валерий Зозуля.

Тыбылты Леониды хъуыдымæ гæсгæ, ацы фарстытæ хъæуы лæмбынæгæй сахуыр кæнын. Проектыл уынаффæ цæудзæн хицауады радон æмбырды.

Ног хабӕртты лентӕ
0