ЦХИНВАЛ, 12 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауад сфидар кодта электроэнергийы ног тарифтæ, хъусын кæны РХИ-йы президент æмæ хицауады пресс-службæ.
Æрдзон газæй ифтонг цы хъæутæ æмæ хæдзæрттæ не `сты, уыдон цæрджытæ рухсы æхца фиддзысты къаддæр — раздæры 2,64 сомы бæсты ныр та 1 кВт-æн дыууæ сомы.
Коммерцион æмæ бюджетон, паддзахадон баиугæндтæн æмæ дипломатон минæвæрттæн аргъ фæфылдæр уыдзæн 3,81 сомы онг. Иннæ организацитæн электроэнергийы аргъ уыдзæн 4,50 сомы.
Экономикон райрæзты министр Зæгъойты Вильямы ныхæстæм гæсгæ, райстгонд мадзæлтты фӕрцы рӕспубликӕйӕн пайда уыдзæн фондз милуан сомы бæрц æрвылмæй, уый та фадат ратдзæн, Хуссар Ирыстоны газæй ифтонггӕнӕг организаци — Уæрæсейы РАО ЕЭС-ы раз цы хæстæ ис, уыдон бафидын. Ныртæккæ ацы организацийы раз хæсы бæрц у 180 милуан сомы.
Президент Тыбылты Леониды хъуыдымæ гæсгæ, цæрджытæн æнæмæнгæй хъæуы бамбарын кæнын, цæй тыххæй ист ӕрцыдысты ацы мадзӕлттӕ.
"Тарифтæ нæ бандавдзысты цæрджыты фылдæр хайыл. Фæлæ æрцыд рæстæг цæрджыты психологи аивын, кæцытæ нæма сахуыр сты сæ хæрдзтæ фидын. Алцæмæн дæр ис кæрон", — банысан кодта Тыбылты Леонид.
Ног тарифтæ сæ тыхы бацæудзысты 2016 азы 1 январы.