Тыбылты Леонид: Цæголты Кимы ацыдимæ Ирыстонæй фæхъуыд номдзыд хъæбул

© Ким ЦаголовЦæголты Ким
Цæголты Ким - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тыбылты Леонид зæрдыл æрлæууын кодта, 90-æм æзты райдианы Цæголты Ким кæй лæууыд ирон адæмы сæргъ сæ хæдбардзинад бахъахъхъæныны тохы.

ЦХИНВАЛ, 13 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны никуы ферох кæндзысты Цæголты Кимы архайды нысаниуæг æвзонг республикæйы хъахъхъæнынады хъуыддаджы, банысан кодта Тыбылты Леонид.

Æфсæддон æмæ паддзахадон архайæг Цæголты Ким 86-аздзыдæй ахицæн йæ цардæй къуырисæры Мæскуыйы.

"Зæрдæрыстæй сæмбæлдтæн зынгæ советон æмæ уæрæсейаг æфсæддон æмæ паддзахадон архайæг, Советон Æфсады инæлар, Советон Цæдисы, Уæрæсейы, Афганистан æмæ Польшæйы бирæнымæц паддахадон хорзæхты кавалер, УФ Гарзджын тыхты ветеран æмæ Афганистаны хæсты ветеран, Советон Цæдисы æмæ УФ-йы фысджыты цæдисы уæнг, философон зонæдты доктор, профессор Цæголты Кимы фæзианы æрхæндæг хабарыл. Йæ ацыдимæ Ирыстонæй фæхъуыд номдзыд хъæбул, кæцы йæ царды дæргъы кад æмæ намысимæ куыста йæ раттæг адæмы хæрзиуæгæн", — загъта Тыбылты Леонид.

Уый банысан кодта, Хуссар Ирыстоны кӕй никуы ферох кæндзысты Ким Македоны фырты архайды нысаниуæг æвзонг республикæйы хъахъхъæнынады хъуыддаджы.

Президент зæрдыл æрлæууын кодта, 90-æм æзты райдианы Цæголты Ким кæй лæууыд ирон адæмы сæргъ сæ хæдбардзинад бахъахъхъæныны тохы.

"Æз бирæ хæттыты уыдтæн æфсæддон инæлары хъæбатырдзинæдты æвдисæн, кæцытæ уый фенын кодта экстремалон уавæрты", — загъта Тыбылты Леонид.

1980-æм азты кæрæтты Цæголты Ким хайад иста Хуссар Ирыстоны Звиад Гамсахурдиайы хотыхджын къордты бабырстæй хъахъхъæнынады хъуыддаджы. 1993-1998 азты уыд УФ нацийы хаттыты хъуыддæгты фæдыл министры хæдивæг, 1999 азы январæй маймæ куыста УФ националон политикæйы фæдыл министры хæдивæгæй, 1999-2000 азты уыд нацитæ æмæ федерацийы фæдыл министры хæдивæг. 2000-æм азæй июлы Цæголты Ким куыста Уæрæсейы президенты æххæстбарджын минæварæй Хуссар Федералон зылды.
Хорзæхджын у Советон Цæдисы, Уæрæсейы, Афганистаны, Польшæйы кады нысæнттæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0