Пысылмон паддзахады апп æмæ йæ аиуварс кæныны фадæттыл дзырд цæудзæн Дзæуджыхъæуы

© Sputnik / сайт мэрии ВладикавказаДзæуджыхъæу
Дзæуджыхъæу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фыццаг уæрæсейаг афæлгæстон аналитикон раныхас "Пысылмон паддзахад: мидис æмæ ныхмæлæуд"-ы нысан æрцæудзысты ацы террористон организациимæ баст тæссагдзинæдтæ, афтæ ма бахъард æрцæудзысты йе ‘ндæвдад аиуварс кæныны тыххӕй практикон рекомендацитæ.

ЦХИНВАЛ, 13 окт — Sputnik. Пысылмон паддзахады апп æмæ йæ аиуварс кæныны фадæттыл дзырд цæудзæн тымбыл фынджы рæстæджы Дзæуджыхъæуы, фехъусын кодта Sputnik политолог Яна Амелина.

Дзæуджыхъæуы дыццæджы уагъд æрцæудзæн тымбыл фынг "Кавказ æмæ æддагон архайджытæ: тенденцитæ — 2016", цыран æрбамбырд уыдзысты эксперттæ Уæрæсейæ æмæ Хæдбар паддзахадты æмбалады бæстæтæй.

Амелинайы ныхæстæм гæсгæ, Дзæуджыхъæу раныхасы презентацийы бынатæй равзæрстæн аххосæг уыдысты бæрæг уавæртæ.

"Ирыстон кæддæриддæр уыд регионы геополитикон центр, Уæрæсейы форпост Кавказы, Цæгат Кавказ æмæ Фæскавказы бастдзинады цæг. "Пысылмон паддзахады" проблемондзинады темæ ма ахсджиаг у, 30 сентябры Уӕрӕсейы Æфсæддон-космикон тыхтæ цы операци райдыдтой Сирийы, уыцы контексты", — банысан кодта Амелина.

Тымбыл фынджы организатор у Кавказаг геополитикон клуб.

Организатортæ куыд нысан кæнынц, уымæ гæсгæ фыццаг уæрæсейаг афæлгæстон аналитикон раныхас "Пысылмон паддзахад: мидис æмæ ныхмæлæуд"-ы нысан æрцæудзысты ацы террористон организациимæ баст тæссагдзинæдтæ, афтæ ма бахъард æрцæудзысты йе ‘ндæвдад аиуварс кæныны тыххӕй практикон рекомендацитæ.

Мадзалы хайад райсдзысты эксперттæ Цæгатирыстойнаг паддзахадон университетæй, Цæгатирыстойнаг гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институтæй, Кавказзонджыты зонадон æхсæнадæй, Уæрæсейы зонæдты академийы Скæсæнзонынады институтæй, Хæдбар паддзахадты æмбалады бæстæты итститутæй, федералон центр æмæ зылды æндæр зонадон æмæ уæлдæр ахуырадон уагдæттæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0