Дзæуджыхъæуы реконструкци æрцæудзæн Сывæллæтты рынчындоны инфекцион корпус

© Sputnik / Виталий Аньков /  Ахизын медиабанкмæСывæллæтты рынчындон
Сывæллæтты рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзæуджыхъæуы Сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны сæйраг инфекцион корпус рагæй ис критикон уавæры, дохтырты ныхæстæм гæсгæ дзы йæ сарæзты бонæй фӕстӕмӕ цалцæггæнæн куыстытæ уагъд никуы ӕрцыдысты.

ЦХИНВАЛ, 13 окт — Sputnik, Биазырты Дзерасса. Цæгат Ирыстоны æввахс рæстæджы уагъд æрцæудзæн Сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны сæйраг инфекцион корпусы масштабон реконструкци. РЦИ-Аланийы хицауад æмæ УФ Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады бадзырдмæ гæсгæ, куыстытæ хъуамæ фæуой 2017 азы.

Дзæуджыхъæуы Сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны (СРКР) сæйраг инфекцион корпус рагæй ис критикон уавæры, дохтырты ныхæстæм гæсгæ дзы йæ сарæзты бонæй (50-æм азты) фӕстӕмӕ цалцæггæнæн куыстытæ уагъд никуы æрцыдысты. 1988 азы СРКР-йы территорийыл райдыдта ног инфекцион корпусы арæзтад, фæлæ финансон фæрæзтæй ифтонгад кæй нæ уыд, уый тыххæй арæзтад ныллæууыд. Рацæугæ æзты дæргъы бæстыхайы мидæг ссыдысты бæлæстæ.

Инфекцион хайады гæс Хуыцъистаты Ларисæ Sputnik куыд загъта, афтӕмӕй бæстыхай ис кæлæццаг уавæры.

"Ам рагæй хъæуы ауадзын цалцæггæнæн куыстытæ, хъæуы дзы ног нырыккон ифтонггарз. Ацы уавæрты кусын нæ бон нал у æмæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсæм, ног инфекцион корпусæн рахицæн кæд æрцæудзысты æхцайы фæрæзтæ", — загъта хайады гæс.

© Sputnik / Дзерасса БиазартиСывæллæтты рынчындоны палатæ.
Палата в ДРКБ во Владикавказе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сывæллæтты рынчындоны палатæ.

Инфекцион корпус у федералон программæ "Юг России"-мæ хауæг объекттæй сæ иу. Объекты реконструкцийæн федералон бюджетæй рахицæн æрцæудзæн 390 млн сомы, ацы фæрæзты руаджы кæронмæ æххæст æрцæудзысты арæзтадон æмæ цалцæггæнæн куыстытæ. Æхцайы фæрæзтæй ифтонгад цæудзæн хæйттæй, фыццаг транш — 20 млн сомы ныридæгæн бацыдысты республикон бюджетмæ.

Республикæйы сæргълæууæг Æгъуызарты Тамерлан куыд загъта, афтæмæй "фыццаг транш нысан кæны, æмæ кæй райдыдта ног гъæдджын, социалон нысаниуæгджын объектты арæзтад".

"Мачи дызæрдыг кæнæд, 2017 азы республикæйы кæй фæзындзæн, 100 бынат кæм уыдзæн, ахæм ног инфекцион корпус, кæцыйы уыдзæн нырыккон гъæдджын ифтонггарз", — загъта Æгъуызарты Тамерлан.

Раст зæгъгæйæ, инфекцион хайады рагæй нал ис æнæмæнгхъæуæг уавæртæ гъæдджын медицинон æххуыс бакæнынæн. Нæй дзы бынæттæ дæр. Уавæр фæкарздæр вæййы инфекцион эпидемиты рæстæджы. Æрæджы Алагиры цæрджытæ донæй куы фæхъæстæ сты, уæд ацы рынчындоны бынæттæ кæй нæ уыд, уый аххосагæн дохтыртæ рынчынты æрвыстой Сывæллæтты рынчындоны æндæр хайадтæм.

Уæлæмхас уаргъæвæрд ма æвзæрын кæны уыцы хабар, æмæ ма СРКР-йы инфекцион хайады се ‘нæниздзинадæн хос кæнынмæ кӕй цæуынц сыхаг республикæтæй дæр.

"Уый тынг ахсджиаг у! Цас раздæр райдайа реконструкци, уас хуыздæр", — загъта Sputnik инфекцион реанимацийы сæргълæууæг Базойты Михаил.

Æхцайы фæрæзтæй ифтонгады уавæртæм гæсгæ, хайады реконструкцийы фæдыл хæрдзтæ æвæрд æрцæудзысты 2016 азмæ республикон бюджеты проекты.

Ног хабӕртты лентӕ
0