Санкт-Петербурджы ирон диаспорæ фембæлд фыццагкъурсонтимæ

© Sputnik / Пресс-службаПредставительства РСО-Алания в СЗФОСанкт-Петербурджы ирон диаспорæ фембæлд фыццагкъурсонтимæ
Санкт-Петербурджы ирон диаспорæ фембæлд фыццагкъурсонтимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фыццагкъурсонтимæ цытджын фембæлд уагъд æрцыд ивгъуыд хуыцаубоны Санкт-Петербурджы ирон минæварады, цыран æрбамбырд 100 студентæй фылдæр.

ЦХИНВАЛ, 13 окт — Sputnik. Фыццагкъурсонтимæ æрвылазон фембæлд уагъд æрцыд Санкт-Петербурджы нациты хаттыты хæдзары, хъусын кæны Цæгат-Ныгуылæйнаг федералон зылды РЦИ-Аланийы минæварады пресс-службæ. Мадзалмæ æрбамбырд 100 ирон студентæй фылдæр, кæцытæ ахуырмæ бацыдысты Санкт-Петербурджы уæлдæр ахуыргæнæндæттæм.

Сæ царды ног этапы сæраппонд студенттæн раарфæ кодтой ирон æхсæнады минæвæрттæ.

Ирон æхсæнады сæргълæууæг Наниты Петры цæст студенттæн бауарзта æнтыстытæ æмæ ног бæрзæндтæм æдæрсгæйæ хизын.

"Студентты æхсæн Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй рацæугæтæй дарддæр ма ис нæ бæстæйы æндæр субъектты цæрæг ирæттæ дӕр. Цы нæ бон у, уый сын аразæм, цæмæй ам — Санкт-Петербурджы — сæхи æнкъарой, куыд хæдзары. Уыдон хъуамæ зоной, кæй ис ахæм бынат, цыран сыл кæддæриддæр сæмбæлдзысты æхсызгонæй, цыран æрцæудзысты æххуысмæ", — банысан кодта Наниты Петр.

© Пресс-службаПредставительства РСО-Алания в СЗФОСанкт-Петербурджы ирон диаспорæ фембæлд фыццагкъурсонтимæ.
Встреча представителей осетинского землячества Санкт-Петербурга с первокурсниками  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Санкт-Петербурджы ирон диаспорæ фембæлд фыццагкъурсонтимæ.

Изæры фæлгæтты равдыстæуыд цалдæр проекты, кæцытæ ацы аз райсдзысты уæрæх райрæзт. Зӕгъӕм, октябры кæрæтты æхсæнады цур йæ куыст райдайдзæн ирон æвзаджы скъола, цæй бындурыл архайдзæн дзургæ клуб.

РЦИ-Аланийы минæварады пресс-службæйы фехъусын кодтой, националон кинойы фестиваль "Хохаг" иу аз архайды мидæг кӕй ссис æцæг интернационалон проект. Кинематографы руаджы кавказаг адæмты культурæимæ базонгæ кæнынмæ æрбацæуы æрмæст кавказаг нæ, фæлæ ма бынæттон фæсивæд дæр. Интеллектуалон хъазт "Что? Где? Когда?"-йы æрвылазон турнир ацы аз ацæудзæн цалдæр этапæй. Уыдон фæстиуджытæм гæсгæ рабæрæг уыдзæн националон культурæ, истори, литературæ æмæ зонад иттæг хорз чи зоны, уыцы лидерты командæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0