Хуссар Иры райдыдтой Хетӕгкаты Къостайы райгуырӕн боны цытӕн мадзӕлттӕ

© Sputnik / Максимов /  Ахизын медиабанкмæХетӕгкаты Къоста
Хетӕгкаты Къоста - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хетӕгкаты Къостайы сфӕлдыстадӕн табугӕнджытӕ кастысты поэты ӕмдзӕвгӕтӕ, сӕххӕст кодтой зарджытӕ, къултӕ сфӕлыстой Къостайы конд нывты репродукцитӕй.

ЦХИНВАЛ, 13 окт — Sputnik. Гениалон ирон поэт, ирон литературон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕг Хетӕгкаты Къостайы райгуырӕн боны цытӕн Цхинвалы уагъд ӕрцыд мысӕн изӕр, интеллигенцийы минӕвӕрттӕ, скъоладзаутӕ ӕмӕ сӕ ахуыргӕнджытӕ ӕрдзырдтой фыссӕджы цард ӕмӕ сфӕлдыстадыл, хъусын кӕны Sputnik уацхӕссӕг.

Ирыстоны дыууӕ хай дӕр 15 октябры нысан кӕнынц ирон литературон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕг, поэт, фыссӕг ӕмӕ нывгӕнӕг Хетӕгкаты Къостайы райгуырӕн бон. Бӕрӕгбоны цытӕн уагъд ӕрцӕуынц бирӕнымӕц литературон изӕртӕ, конкурстӕ, концерттӕ.

Ӕрӕмбырдуӕвджыты раз фыссӕг, журнал "Фидиуӕг"-ы сӕйраг редактор Хъодалаты Герсан бакаст Хетӕгкаты Къостайы "Ирон фӕндыр"-ӕй йӕ уарзондӕр ӕмдзӕвгӕтӕ, стӕй ма Къостайыл йӕхи фыст ӕмдзӕвгӕтӕ дӕр. Уый ӕрсидт рӕзгӕ фӕлтӕртӕм, цӕмӕй Къостайы уарзой ӕмӕ йӕ ахуыр кӕной.

"Къостайы канд уарзын нӕ хъӕуы, фӕлӕ йӕ сӕйраг хъӕуы ахуыр кӕнын. Иууыл фидардӕр у йӕ поэзи ӕмӕ йыл кӕд бирӕ фыст ӕрцыд, уӕддӕр дзы рафӕлгъауинаг дӕр нырма бирӕ ис", — загъта Хъодалаты Герсан.

Мысӕн изӕры скъоладзаутӕ кастысты поэты ӕмдзӕвгӕтӕ, йӕ цард ӕмӕ сфӕлдыстады тыххӕй сӕхи бацӕттӕгонд докладтӕ.

Мадзал уагъд цыд Республикон библиотекӕйы бӕстыхайы. Библиотекӕйы ирон хайады хистӕры ныхӕстӕм гӕсгӕ, коллектив йӕ хӕсыл нымайы, цӕмӕй чиныгкӕсджытӕ ӕмӕ фӕсивӕдӕн бауарзын кӕной Хетӕгкаты Къостайы сфӕлдыстад.

Ирон поэт, фыссӕг ӕмӕ нывгӕнӕг Хетӕгкаты Къостайы райгуырдыл 15 октябры ӕххӕст кӕны 156 аз. Ӕрвылаз дӕр уыцы бон Ирыстоны алы къуымты фӕцӕуынц сфӕлдыстадон изӕртӕ, уӕлдай уӕрӕхӕй бӕрӕгбон нысан ӕрцӕуы поэтӕн йӕ райгуырӕн хъӕу Нары.

Ног хабӕртты лентӕ
0