Ялтӕйы конд ӕрцӕудзӕн равдыст "Ирон колорит"

© Sputnik / Александр Демьянчук /  Ахизын медиабанкмæЯлтӕйы конд ӕрцӕудзӕн равдыст "Ирон колорит"
Ялтӕйы конд ӕрцӕудзӕн равдыст Ирон колорит - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирыстон ӕмӕ Хъырымы ӕрдз ӕнгӕс кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ дыууӕ бӕстӕйы нывгӕнджыты ӕрмдзӕф дӕр у иугъуызон, сӕ куыстыты арӕх фенӕн ис хӕххон пейзажтӕ.

ЦХИНВАЛ, 13 окт — Sputnik. Ирон нывгӕнджыты равдыст "Ирон колорит" баконд ӕрцӕудзӕн Хъырымы Республикӕйы, ам фенӕн уыдзӕн 80 цымыдисон куысты, хъусын кӕны радио "Россия сегодня".

"Экспозици иу кӕны хицӕн фӕлтӕрты нывгӕнджыты ӕмӕ нывкӕнынады ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр фадгуыты архайӕг нывгӕнджыты", — банысан кодта ялтӕйаг культурон-ахуырадон центры сӕргълӕууӕг Кира Захарова.

Мадзалы аивадуарзджыты размӕ сӕ куыстытӕ рахӕсдзысты 47 курдиатджын нывгӕнӕджы, уыдоны ‘хсӕн академиктӕ, Уӕрӕсейы Аивӕдты Академийы уӕнгтӕ, Уӕрӕсейы адӕмон ӕмӕ сгуыхт нывгӕнджытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0