Дудайты Эрикы депутатон мандат лæвæрд æрцыд Тедеты Гермагенæн

© Sputnik / Ада БагианРХИ парламент
РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Депутат Дудайты Эрикы æххæстбартæ æмгъуыдæй раздæр урæд æрцыдысты йæ трагикъон амæлæты фæстиуæгæн.

ЦХИНВАЛ, 14 окт — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент рахаста уынаффæ, цæмæй Адæмон партийы депутат Дудайты Эрикы æххæстбартæ æрцæуой урæд.

Дудайты Эрик йæ цардæй ахицæн 24 сентябры автомобилон аварийы фæстиуæгæн. Уыд парламенты дыууæ æрсидты депутат. Активон хайад иста гуырдзиаг агрессийæн ныхмæлæуды.

Депутаттæ иу уысм æдзæмæй алæугæйæ ссардтой Дудайты Эрикы рухс ном æмæ ноджыдæр мæсæллæй загътой йæ хиуæттæ æмæ хæстæджытæн.

"Тынг зын у, сæ цардæй куы ахицæн вæййынц æрыгон лæппутæ. Ноджы зындæр та у, йæ цардæй куы ахицæн уа де `мгар æмæ æмтохгæнæг, кæцы цыфæнды цардуагон уавæры дæр йæхи æвдыста æмбæлонæй, лæггад кодта йæ Райгуырæн бæстæйæн", — загъта Дудайты Эрикы æмпартион, депутат Диакъонты Амиран.

Дудайты Эрикы фæзианы фæстиуæгæн йæ депутатон мандат уыд сæрибар, æмæ æртыццæджы лæвæрд æрцыд æхсæзæм æрсидты парламенты Адæмон партийы уӕнг Тедеты Гермагенæн.

Уынаффæ райст æрцыд Парламенты депутатты æвзæрстыты тыххæй Конституцион закъоны 80-йæм статьямæ гæсгæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0