Хуссар Иры рӕстдинонтӕ нысан кӕныц Мадымайрӕмы Ӕмбӕрзӕны бӕрӕгбон

© Sputnik / Ада БагианФырсыгъдӕг Мадымайрӕмы аргъуан Цхинвалы
Фырсыгъдӕг Мадымайрӕмы аргъуан Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг рӕстдинонтӕ уӕлдай табу кӕнынц Фырсыгъдӕг Мадымайрӕмӕн. Республикӕйы аргъуанты фылдӕр хай сты Мадымайрӕмы номыл. Чырыстонты фидарӕй уырны, 2008 азы хӕсты рӕстӕджы дӕр ӕрмӕстдӕр Фырсыгъдӕг Мадымайрӕм кӕй бахъахъхъӕдта Цхинвалы знагӕй.

ЦХИНВАЛ, 14 окт — Sputnik. Хуссар Иры, куыд ӕппӕт дунейы, рӕстдинонтӕ ӕртыццӕджы нысан кӕнынц Фырсыгъдӕг Мадымайрӕмы Ӕмбӕрзӕны бӕрӕгбон. Бӕрӕгбоны цытӕн республикӕйы аргъуанты уагъд цӕуынц сыгъдӕг литургитӕ.

Хуссарирыстойнаг рӕстдинонтӕ уӕлдай табу кӕнынц Фырсыгъдӕг Мадымайрӕмӕн. 2008 азы гуырдзиаг-ирон хӕсты рӕстӕджы Мадымайрӕмы уазныв фӕзынд Цхинвалы сӕрмӕ. Афтӕ ма уыцы сау бонты горӕты сӕрмӕ фенӕн уыд цавӕрдӕр ӕнахуыр мигъ. Динамонджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый Хуыцауы Ныййарӕг йӕ Ӕмбӕрзӕны быны бакодта цӕрджыты. Чырыстонты фидарӕй уырны, ӕрмӕстдӕр Сыгъдӕг Мадымайрӕм кӕй бахъахъхъӕдта Цхинвалы знагӕй.

"Уӕдӕй нырмӕ нӕ адӕм сӕ зӕрдыл дарынц, Мадымайрӕм нын кӕй кувы, ӕххуыс кӕны, йӕ Ӕмбӕрзӕнӕны бын кӕй стӕм. Ацы бон махӕн у стыр бӕрӕгбон, рӕстдинонтӕ ӕнӕмӕнг хъуамӕ ӕрбацӕуой аргъуантӕм, бузныг зӕгъой Хуыцауы Ныййарӕгӕн, бафӕдзӕхсой йын сӕхи ӕмӕ се ‘ввахс адӕмы", — радзырдта Sputnik Алайнаг епархийы динамонӕг фыд Симон.

Фырсыгъдӕг Мадымайрӕмы Ӕмбӕрзӕны бӕрӕгбон нысан цӕуы X ӕнусӕй фӕстӕмӕ. Уӕд 14 октябры Византийы сӕйраг горӕт Константинополы хӕстон уавӕры Влахернаг аргъуаны сӕрмӕ Мадымайрӕм айтынг кодта йӕ Ӕмбӕрзӕн ӕмӕ адӕмы фыдбылызӕй бахызта.

Ног хабӕртты лентӕ
0