Къостайы райгуырӕн бонмӕ йæ хæдзар-музейы баконд ӕрцыд равдыст

© Sputnik / Максимов /  Ахизын медиабанкмæХетӕгкаты Къоста
Хетӕгкаты Къоста - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Равдысты фенӕн ис Къостайы хисӕрмагонд дзаумæттæ, йæ нывтæ, æмæ поэты цардимæ баст æрмæджытæ.

ЦХИНВАЛ, 15 окт — Sputnik. Къостайы райгуырды 156 азы кадæн мадзæлттæ Цӕгат Ирыстоны райдыдтой йæ хæдзар-музейы. Ам байгом Дзæуджыхъæуы аивæдты ахуыргӕнӕндоны ахуыргæнджыты ӕмӕ Къостайӕн йӕхи конд нывты равдыст, хъусын кӕны 15 регион.

Ирыстоны алы къуымы дӕр 15 октябры нысан кӕнынц ирон литературон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕг, поэт, фыссӕг ӕмӕ нывгӕнӕг Хетӕгкаты Къостайы райгуырӕн бон.

"Дзæуджыхъæуы аивæдты ахуыргӕнӕндоны ахуыргæнджытæ Къостайы бонтæм бацæттæ кодтой сæ куыстыты равдыст. Музеймӕ цӕуы бирæ адæм, студенттæ, скъоладзаутæ, стæй ирон литературæйы бындурæвæрæг æмæ рухстауæджы сфæлдыстадæн аргъ чи кæны, уыдон", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Музейы ма фенæн ис Къостайы уацмыстæ дунейы алы æвзæгтæм тæлмацгондæй.

Ирон поэт, фыссӕг ӕмӕ нывгӕнӕг Хетӕгкаты Къостайы райгуырдыл 15 октябры ӕххӕст кӕны 156 аз. Ӕрвылаз дӕр Цӕгат Ирыстон ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ацӕуы бирӕнымӕц литературон изӕртӕ, конкурстӕ, концерттӕ, поэты цыртытыл ӕвӕрд ӕрцӕуынц дидинтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0