Хуссар Ирыстоны райдыдта цӕрджыты иумӕйаг сфыст

© Сайт управления статистики РЮОХуссар Ирыстоны райдыдта цӕрджыты иумӕйаг сфыст
Хуссар Ирыстоны райдыдта цӕрджыты иумӕйаг сфыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны цӕрджыты ӕппӕтадӕмон сфыст республикӕйы ног историйы уагъд ӕрцӕудзӕн фыццаг хатт.

ЦХИНВАЛ, 15 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны цыппӕрӕмы ӕрӕвнӕлдтой цӕрджыты иумӕйаг сфыстмӕ, кӕцы фӕстаг 25 азы дӕргъы уагъд цӕуы фыццаг хатт.

Фӕстаг хатт Хуссар Иры цæрджыты сфыст ацыд 1989 азы. Сфысты бындурон хай уагъд цӕудзӕн 15-30 октябры ӕмӕ йыл архайдзӕн 200 адӕмаджы, кӕцыты развӕлгъау бацӕттӕ кодтой ацы куыстмӕ.

Сфыстуадзджытӕ сӕ куыст райдыдтой райсом 9:00 сахатыл президент Тыбылты Леониды фатерӕй.

Сфыст ауадзыны нысанӕн Уӕрӕсейы мыхуыр ӕрцыд 57 мин гӕххӕты цӕрджытӕн ӕмӕ 27 мины та — цӕрӕнуӕттӕн. Ӕппӕт бӕрӕггӕнӕнтӕ дӕр фыст ӕрцӕудзысты цӕрджытӕн сӕхи ныхӕстӕй ӕнӕ уӕлӕмхас басгӕрстӕй.

Сфысты бӕрӕггӕнӕнтӕ банымайдзысты азы кӕронмӕ ӕмӕ сӕ 2016 азы райдайӕны фехъусын кӕндзысты адӕмӕн.

Фӕстаг хатт Хуссар Ирыстоны цӕрӕгады сфыст уагъд ӕрцыд 1989 азы. Уӕд цӕрджыты нымӕц уыд 98,5 мин адӕймаджы.

Фидӕны ӕппӕтадӕмон сфыстытӕ уагъд цӕудзысты дӕс аз иу хатт.

Информацион хъусынгӕнинаг

Банысангонд бонты сымахмӕ хӕдзармӕ ӕрбацӕудзӕн сфыстуадзӕг. Цалынмӕ йӕ уӕ хӕдзармӕ бауадзат, уӕдмӕ уал ын фенут йӕ паспорт ӕмӕ сфыстуадзӕджы бӕлвырдгӕнӕн. Бинонтӕй алы адӕймаджы дзуаппытӕ фысгӕйӕ, уый байдзаг кӕндзӕн сфыстуадзӕн сыф, кӕцы дарддӕр ӕрӕвӕрдзӕн бындур ӕппӕт ӕнӕмӕнгхъӕуӕг бахыгъдтӕн ӕмӕ бӕрӕггӕнӕнтӕн.

Курӕг уӕ стӕм, цӕмӕй ацы хъуыддагмӕ уӕлӕнгай ахаст ма равдисат.

Хайад райсут Цӕрджыты иумӕйаг сфысты! Уый ахсджиаг хъуыддаг у!

Ног хабӕртты лентӕ
0