Хелцуайы ног уадзӕн пунктыл ахизыны бар уыдзӕн ӕрмӕстдӕр 17 адӕймагӕн

© Sputnik / Ада БагианУадзӕн пункт
Уадзӕн пункт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ног уадзӕн пункт бирӕбӕрцӕй фӕрогдӕр кӕндзӕн хуссарирыстойнаг хъӕу Хелцуайы 17 цӕрӕджы уавӕр, кӕцытӕн сӕ цӕхӕрадӕттӕ ӕмӕ дыргъдӕттӕ баззадысты арӕны иннӕ фарс.

ЦХИНВАЛ, 14 окт — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны æхсæн паддзахадон арæныл ног уадзæн пунктӕй пайда кӕндзысты ӕрмӕстдӕр 17 хуссарирыстойнаг ӕмбӕстаджы, кӕцытӕ цӕрынц гуырдзиаг арæнгæрон хъæу Зардиантхъары, фехъусын кодта Sputnik фӕсконфликтон уавӕр ӕрнывыл кӕныны фӕдыл президенты ӕххӕстбарджын минӕвар Джиоты Мурӕт.

Цхинвалы районы арæнгæрон хъæу Хелцуайы баконд æрцыд Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн паддзахадон арæныл уадзæн пункт. Ахæм уынаффæ рахастæуыд 9 октябры хицауады æмбырды Паддзахадон æдасдзинады комитеты хъæппæрисæй.

Джиоты Мурӕты ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы уадзӕн пункт ӕнӕофициалонӕй уӕвынад кодта 2012 азӕй фӕстӕмӕ. Ныр ын хицауад ӕрӕвӕрдта закъонон бындур. Уый бирӕбӕрцӕй фӕрогдӕр кӕндзӕн Зардиантхъары 17 ирон цӕрӕджы уавӕр, кӕцытӕн сӕ цӕхӕрадӕттӕ ӕмӕ дыргъдӕттӕ баззадысты арӕны иннӕ фарс. Афтӕмӕй та ӕрмӕстдӕр сӕ цӕхӕрадӕтты тыллӕг бынӕттон цӕрджытӕн у сӕ иунӕг ӕфтиаг.

"Ацы 17 адӕймаджы хисӕрмагонд бӕрӕггӕнӕнтӕ сты арӕнхъахъхъӕнджыты базӕйы, ӕмӕ ацы пунктыл уадздзысты ӕрмӕстдӕр уыдоны. Арӕны сӕрты ахизыны бар сын уыдзӕн къуыри цыппар хатты хуссарирыстойнаг ӕмбӕстаджы паспорттимӕ", — загъта Джиоты Мурӕт.

Уый ма банысан кодта, арӕнгӕрон ирон хъӕу Хелцуайы цӕрджытӕн кӕй нӕ уыдзӕн арӕны сӕрты хизыны бар.

Хелцуайы хъæу лæууы гуырдзиаг хъæу Зардиантхъаримæ хæстæг, цыран цæрынц цалдæр ирон бинонтæ.

Ныры онг Хуссар Ирыстоны архайдта æртæ уадзæн пункты — дыууæ Дзауы районы æмæ иу та Ленингоры районы.

Ног хабӕртты лентӕ
0