ЦХИНВАЛ, 15 окт — Sputnik. Турчы ирон диаспорӕйы минӕвӕрттӕ банысан кодтой Хетӕгкаты Къостайы райгуырӕн бон, фехъусын кодта Sputnik Аланты Ӕхсӕнадӕмон цӕдисы къухдариуӕггӕнӕг Мамсыраты Ирмӕ.
Ирыстоны стырдӕр поэт ӕмӕ драматургы сфӕлдыстад иу ӕнус ӕмӕ ӕрдӕгӕй фылдӕр ирон культурӕйы ахсы централон бынат, поэтӕн табу кӕнынц фӕсарӕнты дӕр.
"Къостайы райгуырӕн бон ӕппӕт ирӕттӕн у националон бӕрӕгбон. Бӕрӕгбонон мадзӕлтты фӕлгӕтты Турчы ирон диаспорӕйы минӕвӕрттӕ сарӕзтой фембӕлд. Мадзалы организатор у Аланты Ӕхсӕнадӕмон цӕдис", — радзырдта Мамсыраты Ирмӕ.
Фембӕлды хайад райстой цӕдисы уӕнгтӕ иууылдӕр, уыдонӕй алчидӕр бакаст поэты ӕмдзӕвгӕтӕ ирон ӕвзагыл. Презентацион ӕрмӕджы хуызы Мамсыраты Ирмӕ бавдыста Хетӕгкаты Къостайы цард ӕмӕ сфӕлдыстады фӕдыл доклад.
Мамсыраты Ирмайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм мадзӕлттӕ Турчы ирӕттӕ фӕнд кӕнынц ауадзын сывӕллӕтты хайадистӕй, цӕмӕй рӕзгӕ фӕлтӕртӕ цайдагъ кӕной сӕ фыдӕлты культурӕйыл.