ЦХИНВАЛ, 15 окт — Sputnik. Хетӕгкаты Къостайы райгуырдыл 156 азы сӕххӕсты цытӕн Цхинвалы уагъд ӕрцыд цытджын мадзал. Поэты цырты цурмӕ ӕрбацыдысты хицауады уӕнгтӕ, интеллигенцийы минӕвӕрттӕ, скъоладзаутӕ ӕмӕ Къостайы сфӕлдыстадӕн табугӕнджытӕ.
Республикӕйы хицауады сӕрдар Хъуылымбегты Доменти йӕ раныхасы банысан кодта, Хетӕгкаты Къостайы райгуырӕн бон Ирыстоны кӕй ссис националон бӕрӕгбон.
"Уӕлдай ӕхсызгон мын у, Къостайӕн афтӕ кӕй кад кӕнынц рӕзгӕ фӕлтӕртӕ. Стырӕй-чыслӕй мах рӕстӕгӕй рӕстӕгмӕ райсӕм нӕ къухмӕ Къостайы чиныг, йӕ уацмысты агурӕм актуалон фарстытӕн дзуаппытӕ", — банысан кодта уый.
Къостайы цырты цур сколадзаутӕ бакастысты куыд поэтӕн йӕхи фыст ӕмдзӕвгӕтӕ, афтӕ ма йыл ӕндӕр поэттӕ цы уацмыстӕ ныффыстой, уыдон дӕр.
Ирыстоны фысджыты цӕдисы ӕмсӕрдар Хъазиты Мелитон банысан кодта, зӕгъгӕ, Ирыстоны нывкӕнынады бындурӕвӕрӕгыл кӕд нымайынц Тугъанты Махарбеджы, уӕд уый цӕхӕдӕг та Къостайы нымадта ирон нывкӕнынады бындурӕвӕрӕгыл.

Профессор Плиты Гацыр йӕ раныхасы банысан кодта, зӕгъгӕ Къостайы сфӕлдыстад канд ирон адӕмы ӕхсӕн нӕу парахат, фӕлӕ ма советон дуджы тӕлмац ӕрцыд 60 ӕвзагмӕ, уыдонимӕ япойнаг ӕвзагмӕ дӕр.
"Цы ирон хӕдзары "Ирон фӕндыр" ӕмӕ Нарты кадджытӕ нӕй, уый ирон хӕдзар нӕу. Къоста уыд ӕгас Кавказы адӕмты поэт. Уый бирӕ уарзта йӕ адӕмы ӕмӕ йӕ фӕдзӕхст "Адӕм, кӕрӕдзи уарзгӕйӕ цӕрут" абон мах ма хъуамӕ рох кӕнӕм", — банысан кодта профессор.
Хетӕгкаты Леуаны фырт Къоста райгуырдыл сӕххӕст 156 аз. Ирон адӕм алыхатт дӕр уӕрӕхӕй нысан кӕнынц ацы бӕрӕгбон. Поэтӕн цыртытæ ӕвӕрд ӕрцыд Цæгат Ирыстоны, Цхинвалы, Болгарийы, Хъæрæсейы, Стъараполы ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты. Ирыстоны дыууӕ хайы дӕр йӕ номыл нысангонд æрцыдысты Паддзахадон премитӕ. Къостайы æнæмæлгæ поэмӕ "Фатимæ"-мӕ гӕсгӕ уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл ист ӕрцыдысты кинонывтӕ.