Хуссар Ирыстоны хъалонисджытӕ нысан кӕнынц сӕ профессионалон бӕрӕгбон

© Sputnik / Ада БагианЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъалонты комитеты коллективӕн раарфӕ кодта президент Тыбылты Леонид.

ЦХИНВАЛ, 16 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъалонты ӕмӕ фиддонты комитеты кусджытӕ майрӕмбоны нысан кӕнынц сӕ профессионалон бӕрӕгбон.

Комитеты коллективӕн раарфӕ кодта президент Тыбылты Леонид. Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, дӕргъвӕтин ӕзты дӕргъы коллективы цӕсгомджын куысты фӕрцы рӕзы паддзахадон бюджет ӕмӕ хуыздӕр кӕны адӕмы хæрздзæринад.

"Зӕрдӕбынӕй уын арфӕ кӕнын уӕ профессионалон бӕрӕгбоны фӕдыл. Уӕ куыстӕй бирӕбӕрцӕй аразгӕ у Хуссар Ирыстоны экономикӕйы размӕцыд ӕмӕ цӕрджыты царды ӕмвӕзад. Уырны мӕ, сымахӕй кӕнгӕ цы у, уыдон ӕппӕт дӕр кӕй сараздзыстут. Мӕ зӕрдӕ уын загъы фидар ӕнӕниздзинад, фӕрныгад уӕ дарддӕры куысты Ирыстоны хӕрзӕбонӕн", — банысан кодта бӕстӕйы сӕргълӕууӕг йӕ арфӕйы фыстӕджы.

Ӕрвылаз 16 октябры Хъалонты ӕмӕ фиддонты комитеты кусджытӕ нысан кӕныц сӕ профессионалон бӕрӕгбон. Фӕстаг ӕзты коллективы куысты ӕрцыд ӕвӕрццаг ивындзинӕдтӕ, фӕхуыздӕр сты хъалонтӕ ӕмбырдкӕныны бӕрӕггӕнӕнтӕ. Фарон та, 2013 азмӕ абаргӕйӕ, хъалонты органтӕ бюджетмӕ бахастой 120 милуан сомы фылдӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0