ЦХИНВАЛ, 16 окт — Sputnik. Цхинвалы районы Дменисы хъӕуы арӕзт ӕрцӕудзӕн 1989-2008 азты гуырдзиаг-ирон хӕсты ӕмӕ Стыр Фыдыбæстӕйон хæсты хъайтартӕн иумӕйаг цырт, фехъусын кодта Sputnik районы администрацийы сӕргълӕууӕг Плиты Алан.
Дменисы хъӕу 2008 азы хӕсты баййӕфта стыр зиан. Цӕрджытӕ гуырдзиаг хотыхджын ӕфсады ныхмӕлӕуды равдыстой стыр хъӕбатырдзинад, уыдонӕй бирӕтӕ сӕ цард радтой Ирыстоны сӕрвӕлтау. Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕстмӕ, куыд Хуссар Ирыстоны ӕндӕр къуымтӕй, афтӕ Дменисӕй дӕр ацыд сӕдӕгай цӕрджытӕ. Уыдонӕн се ‘мбис сӕ хӕдзарыл нал сӕмбӕлд. Ӕмӕ ныр уыцы хъайтарты нӕмттӕ фыст ӕрцӕудзӕсты ног мемориалон цыртыл.
"Ныр иу мӕй куыст цӕуы цырты арӕзтадыл. Эскиз ын сарӕзта хуссарирыстойнаг нывгӕнӕг Гӕбӕраты Барис. Мемориалон ансамблы астӕуӕй лӕууы ныййарӕг, йӕ рахис фарс фыст ӕрцӕудзысты Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хъайтарты нӕмттӕ, галиуӕрдыгӕй та сӕнусон кӕндзысты республикӕйы ног историйы хӕстон архайдтыты хъайтарты нӕмттӕ", — радзырдта Плиты Алан.

Мемориалон комплексы арӕзтад цӕуы республикӕйы президент Тыбылты Леониды сӕрмагонд хыгъды финансон хӕрдзтӕй, хӕрзарӕзтадон куыстытӕ та ӕххӕст кӕны Цхинвалы районы администраци.