ЦХИНВАЛ, 16 окт — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны Хъобаны комы Джызӕлдоны Гидроэлектростанцы видеокамерӕты объективмӕ бахаудта стыр тугдзых сырд. Ахуыргӕндты бӕлвырдгӕнӕнтӕм гӕсгӕ уый у фыранк, кӕцыйы мыггаг у Сырх Чиныгмӕ хаст ӕмӕ сӕдӕ азы нал разынд республикӕйы хъӕдты, хъусын кӕны 15 регион.
Кӕддӕр Кавказы ацы тугдзых сырд ӕмбӕлд арӕх, фӕлӕ фосдарджыты кӕй хъыг дардта, уымӕ гӕсгӕ йӕ скуынӕг кодтой. Фӕстаг хатт ма фыранк амардтой 1952 азы Цхинвалмӕ хӕстӕг, уый фӕстӕ йӕ мыггаг фесӕфт Ирыстоны кӕмттӕй.
Тобӕгонд бынаты зонадон кусӕг Павел Вейнбергы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕртӕ азы размӕ дӕр видеокамерӕ систа фыранкы ӕнгӕс сырд, фӕлӕ йӕ уӕд нӕ бантыст сбӕлвырд кӕнын.
Тобӕгонд зонӕйы кусджытӕ бахатыдысты Гидроэлектростанцмӕ, цӕмӕй сывӕрой уыцы бынаты видеорегистратор. Кӕд та ногӕй бантыса фыранкы сисын, уӕд уый уыдзӕн стыр зонадон ӕнтыст, банысан кодтой ахуыргӕндтӕ.
Фыранктӕ ма дунейы ис ӕмткӕй 870-1300. Цы бӕстӕты территоритыл ӕмбӕлы, уым сырд цӕуы хъахъхъӕд.
2006 азы Уӕрӕсейы ӕрдзон ресурсты министрад Кавказы хъӕдты фыранкы аппарахат кӕныны фӕдыл сфидар кодта сӕрмагонд программӕ. Фыранк ныв у Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны паддзахадон гербтыл.