Уӕрӕсейы УУМ къорд бакусдзӕн Хуссар Иры минӕтӕ ӕнӕзианхъом кӕныны нывӕзтыл

© Архивное фотоУӕрӕсейы УУМ къорд
Уӕрӕсейы УУМ къорд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕввахс рӕстӕджы уӕлвӕткон уавӕрты министрад ӕрӕрвитдзӕн Хуссар Ирыстонмӕ рекогносцирон къорд, фехъусын кодта УФ УУМ-ы сӕргълӕууӕг.

ЦХИНВАЛ, 19 окт — Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ) баххуыс кӕндзӕн Хуссар Ирыстонӕн йӕ территори минӕтӕй ссыгъдӕг кӕныны хъуыддаджы, фехъусын кодта къуырисӕры ведомствӕйы сӕргълӕууӕг Владимир Пучков.

Ӕмбӕлон куырдиатимӕ УФ УУМ-мӕ бахатыд республикӕйы къухдариуӕгад.

"Ӕввахс рӕстӕджы УУМ ӕрӕрвитдзӕн Хуссар Ирыстонмӕ рекогносцирон къорд, кӕцы бакусдзӕн минӕтӕ ӕнӕзианхъом кӕныны иумӕйаг нывӕзтыл ӕмӕ рабӕрӕг кӕндзӕн куыстыты гуырахст", — загъта Пучков Хуссар Ирыстоны Ӕдасдзинады советы секретарь Плиты Анатолиимӕ фембӕлды рӕстӕджы.

Министры ныхӕстӕм гӕсгӕ, цӕттӕгӕнӕн куыстыты фӕстӕ Уӕрӕсейы Уӕлвӕткон уавӕрты министрад ӕрӕвналдзӕн минӕтӕ ӕнӕзианхъом кӕныны проекты реализацимӕ.

"Уый тыххӕй ис специалисттӕ дӕр ӕмӕ сӕрмагонд техникӕ дӕр", — загъта Пучков.

Плиты Анатолий куыд банысан кодта, афтӕмӕй республикӕ минӕтӕй ссыгъдӕг кӕныны фарст у тынг ахсджиаг.

Ног хабӕртты лентӕ
0