Хъорнисы кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны ног скъолайы арӕзтад

© Sputnik / Плиты ФатимаХъорнисы кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны ног скъолайы арӕзтад
Хъорнисы кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны ног скъолайы арӕзтад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъорнисы скъолайыл ацы аз ӕххӕст кӕны 151 азы. Ам, Дзау ӕмӕ Ортъеуы хъӕуты ӕмрӕнхъ кусын райдытой фыццаг рухстауджытӕ – фӕзынд дзы динон скъолатӕ.

ЦХИНВАЛ, 19 октябрь — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Знауыры районы Хъорнисы хъӕуы кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны ног скъолайы арӕзтад. Ахуырдзаутӕм Ног азы ӕнхъӕлмӕ кӕсы уӕзгӕ лӕвар — ахуыры процесс ног бӕстыхайы райдайдзӕн январӕй.

Скъолайы зӕронд бӕстыхай у ӕркӕлынӕввонг, нӕ йыл бацауӕрстой нӕдӕр рӕстӕг, нӕдӕр зӕххӕнкъуыстытӕ. Уымӕ гӕсгӕ дзы скъоладзаутӕ дӕр ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ дӕр кусынц тӕрсгӕ-ризгӕйӕ.

© Sputnik / Плиты ФатимаСкъолайы зӕронд бӕстыхай Хъорнисы.
Скъолайы зӕронд бӕстыхай Хъорнисы. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Скъолайы зӕронд бӕстыхай Хъорнисы.

Хъӕуы центры ног скъолайы арӕзтадмӕ ӕрӕвнӕлдтой 2015 азы Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрӕзты Инвестицион нывӕзты фӕлгӕтты.
Куыстытæ æххæст кæны хуссарирыстойнаг арӕзтадон организаци "Престиж". Йӕ сӕргълӕууӕг Беппиты Инал куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй бӕстыхайы ӕппӕт куыстытӕ дӕр фӕнд кӕнынц ацы мӕйы кӕронмӕ фӕуын.

"Ныртӕккӕ нӕ хъусдард здӕхт у мидӕггагон куыстытӕм ӕмӕ скъолайы алыварс территорийы хӕрзарӕзтадмӕ. Ауагътам хъармгӕнӕн системӕ, уый фӕрцы ӕнцондӕрӕй ссур уыдзӕн бӕстыхай", — банысан кодта арӕзтадон организацийы сӕрдар.

Уый ма банысан кодта, скъолайы ифтонгад дӕр ныридӕгӕн кӕй у заказгонд ӕмӕ куыддӕр арӕзтадон куыстытӕ фӕуой, афтӕ ӕппӕт ӕнӕмӕнхъӕуӕг инвентарь дӕр ӕрбаласдзысты бӕстыхаймӕ.

"Скъолайы кӕрты дӕр бакӕндзыстӕм хӕрзарӕзтадон куыстытӕ, сараздзыстӕм ма дзы спортивон фӕзуат дӕр. Бӕстыхайыл архайы 20 адӕймаджы онг, уыдонӕн сӕ фылдӕр сты бынӕттон аразджытӕ", — загъта Беппиты Инал.

© Sputnik / Плиты ФатимаНогазон бӕрӕгбоныл скъоладзаутӕ ӕмбӕлдзысты ног арӕзт бӕстыхайы.
Ногазон бӕрӕгбоныл скъоладзаутӕ ӕмбӕлдзысты ног арӕзт бӕстыхайы. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ногазон бӕрӕгбоныл скъоладзаутӕ ӕмбӕлдзысты ног арӕзт бӕстыхайы.

Скъолайӕн ног, нырыккон домӕнтӕн дзуапп чи дӕтты, ахӕм бӕстыхай арӕзтадмӕ бӕллыдысты куыд скъоладзаутӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ, афтӕ ӕгас хъӕуы цӕрджытӕ дӕр. Математикӕйы ахуыргӕнӕг Плиты Хазбийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хъорнисы скъолайӕн ис хъӕздыг истори ӕмӕ традицитӕ.

"Хуссар Ирыстоны фыццаг ӕртӕ динон скъолайы фӕзындысты Дзау, Ортъеу ӕмӕ Хъорнисы. Уый тыххӕй махӕн уӕлдай зын уыдис, ам ахуыры уавӕртӕ фӕстӕмӕ кӕй цыдысты. Зӕронд агъуыст арӕзт ӕрцыд советон дуджы, бавзӕрста цалдӕр зӕххӕнкъуысты ӕмӕ ӕрцыд ӕдзӕллаг уавӕрмӕ. Ныртӕккӕ уый чысыл базмӕлд дӕр нал бауромдзӕн", — радзырдта Sputnik Плиты Хазби.

Азы кӕронмӕ уал ахуырадон процесс цӕудзӕн зӕронд бӕстыхайы. Хъармгӕнӕн сезонмӕ скъола ифтонг ӕрцыд сугӕй.

Хъорнисы скъолайыл ацы аз ӕххӕст кӕны 151 азы. Ам, Дзау ӕмӕ Ортъеуы хъӕуты ӕмрӕнхъ кусын райдытой фыццаг рухстауджытӕ — фӕзынд дзы динон скъолатӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0