Сабидоны цы дыууӕаздзыд сывӕллоны фӕнадтой, уый уавӕр февзӕрдӕр

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы республикон рынчындон
Цхинвалы республикон рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сывӕллон ӕнӕхъӕн къуыри арвыста рынчындоны. Ныр, дохтыры ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕ уавӕр фӕхуыздӕр ӕмӕ сӕ чизоны тагъд ауадзой хӕдзармӕ.

ЦХИНВАЛ, 20 окт — Sputnik, Хъотайты Мария. Сабидоны цы дыууӕаздзыд сывӕллоны фӕнадтой, уый бахаудта республикон рынчындонмӕ —райдыдта омын ӕмӕ схызт йӕ тӕвд, фехъусын кодта Sputnik сывӕллоны мад Заремӕ. Сабийы февзӕрдӕр уавӕры аххосагыл сылгоймаг нымайы, ӕрӕджы над кӕй баййӕфта, уый. Мад бахатыд республикӕйы генералон прокуратурӕмӕ, цӕмӕй рабӕрӕг кӕной ацы фыдракӕнды аххосджын адӕмы.

"10 октябры изӕрӕй, сывӕллон сабидонӕй куы ӕрбаздӕхт, уӕд йӕ цӕсгом ӕмӕ хъуырыл райдыдтой зынын цъӕхтӕ. Барадхъахъхъӕнӕн органтӕм уымӕн нӕ бахатыдыстӕм, ӕмӕ нӕ ныфс уыд, ацы инцидент ведомствӕйы мидӕг кӕй равзардзӕн Ахуырады министрад", — загъта сывӕллоны мад.

сывӕллӕтты фӕзуат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг дыууæаздзыд сывæллон бацис нады амæттаг

Ныр Заремӕ фӕсмон кӕны, рӕстӕгыл кӕй нӕ бацыд тӕрхмедэкспертмӕ. Уымӕ сывӕллон бакодтой ӕрмӕстдӕр ӕртӕ боны фӕстӕ, ӕмӕ тӕрхмедэксперт бафидар кодта, сывӕллоны хъуырыл ӕмӕ цӕсгомыл кӕй ис ас адӕймаджы æнгуылдзты фæдтæ.

Цалдӕр бон фӕстӕдӕр сывӕллоны уавӕр февзӕрдӕр, ӕмӕ сабийы схуыссын кодтой рынчындоны.

"Ныр иу къуыри стӕм рынчындоны. Саби ис сывӕллӕты дохтыры хъусдарды бын. Сывӕллон райдыдта омын, схызт йӕ тӕвд, нал хордта. Ныр чысыл йӕ уавӕр фӕхуыздӕр ӕмӕ мӕ ныфс ис, хӕдзармӕ нӕ тагъд кӕй ауадздзысты", — загъта сабийы мад Заремӕ.

Сывӕллӕты хайады гӕс Чилӕхсаты Луизайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, саби рынчындонмӕ бахауд лӕмӕгъ уавӕры, бӕрзонд тӕвдимӕ.

"Витаминтӕ ӕмӕ ӕнӕниздзинад фидаргӕнӕг препаратты фӕстӕ сывӕллоны уавӕр фӕхуыздӕр", — загъта хайады гӕс.

Сывӕллоны ныййарджытӕ хъавынц райсын судмедэксперты хатдзӕг, цӕмӕй хъуыддаг равзарой тӕрхондоны.

Тӕрхондоны равзæрсты рӕстӕгмӕ сывӕллӕтты цӕхӕрадон "Малусаг"-ы дыууӕ хъомылгӕнӕг иуварс ӕрцыдысты сӕ куыстӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0