Тыбылты Леонид раразмӕ кодта УФ-йы скондмӕ бацӕуыны фӕдыл референдум ауадзыны хъуыды

© Sputnik / Руслан ТадтаевПрезидент Тыбылты Леонид
Президент Тыбылты Леонид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент банысан кодта, ӕппӕтадӕмон хъӕлӕсӕппӕрсты фӕстиуджыты реализаци кӕй æрæмдзых кӕндзысты Уӕрӕсейы фарсимӕ.

ЦХИНВАЛ, 20 окт — Sputnik. Президент Тыбылты Леонид хъавы хъӕппӕрис равдисын Хуссар Ирыстон Уӕрӕсейы Федерацийы скондмӕ бацӕуыны фӕдыл реферндум ауадзыны тыххӕй, фехъусын кодта паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Ацы хъуыды бӕстӕйы сӕргълӕууӕг раразмӕ кодта УФ президенты ӕххуысгӕнӕг Владислав Сурковимӕ фембӕлды рӕстӕджы Цхинвалы. Владислав Сурков 19 октябры уыд кусӕгон балцы Хуссар Иры.

Тыбылты Леонид банысан кодта, ирон адӕмы ӕнусон бӕллиц кӕй уыд Уӕрӕсеимӕ баиу кӕнын, ацы фӕндмӕ бӕлгӕйӕ кӕй быхстой зындзинӕдтӕ гуырдзийаг фашизмы ныхмӕ тохы.

"Абоны политикон ӕцӕгдзинад афтӕ у, ӕмӕ мах хъӕуы ӕфсымӕрон Уӕрӕсейы скодмӕ бацӕуын, цӕмӕй нӕ бӕстӕ цӕра ӕдасӕй ӕмӕ размӕ цӕуа бирӕ ӕнусты дӕргъы", —банысан кодта Тыбылты Леонид.

Уый ма бафиппайдта, референдумы фӕстиуджытимӕ куыст кӕй æрæмдзых кӕндзысты Уӕрӕсейы фарсимӕ.

Тыбылты Леонид ма банысан кодта, референдум ауадзыны хъуыддаг кӕй у ӕнӕмӕнгхъӕуӕг юридикон цӕстӕнгасӕй, уымӕн ӕмӕ 1992 ӕмӕ 2006 азты референдумтӕн нӕ уыд иунысанон фӕстиуджытӕ.

Кӕд 1992 азы Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ сразы сты Уӕлдӕр Советы райсгӕ уынаффӕйыл УФ скондмӕ бацӕуыны фӕдыл, уӕд 2006 азы та уыдысты хӕдбар паддзахады статус бахъахъхъӕныны ӕвварс.

2006 азы референдумы сӕйраг нысаниуӕг кӕд уыд Гуырдзыстонӕй хӕдбардзинад, уӕддӕр барадон фарсӕрдыгӕй ивы 1992 азы референдумы фӕстиуджытӕ. Уыцы фарстытӕ хынцгӕйӕ, ӕнӕмӕнгхъӕуӕг у УФ скодмӕ бацӕуыны фӕдыл ног референдум ауадзын.

"Ӕз фӕнд кӕнын референдум сорганизаци кӕныны хъуыддагмӕ ӕхсӕнады алы къабазы дӕр ӕрбакӕнын, ӕрсиддзынӕн политикон партиты ӕмӕ ӕхсӕнадон организациты раздзогтӕм. Ныфс мӕ ис, политион партитӕ ӕмӕ ӕхсӕнад мӕ фарсмӕ кӕй балӕудзысты, уымӕй", — загъта президент.

Ног хабӕртты лентӕ
0