Генпрокуратурӕ: Санахъоты Аннӕйы амӕлӕты фӕдыл фӕдагуырд кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны

© Sputnik / Ада БагианРХИ Генпрокуратурӕ
РХИ Генпрокуратурӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Санахъоты Аннӕйы амӕлӕты фӕдыл уагъд ӕрцыдысты экспертизӕтӕ. Уыдонӕн сӕ иу хай ауагътой Ростовы, фӕлхаттон экспертизӕтӕ та ауагътой Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады министрады эксперттӕ.

ЦХИНВАЛ, 20 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕ кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны фӕдагурӕн мадзӕлттӕ цхинвайлаг сылгоймаг Санахъоты Аннӕйы мӕлӕты фӕдыл, фехъусын кодта Sputnik генпрокурор Цгъойты Мераб.

Сылгоймаг фӕмард фарон ноябры, йӕ риу ын хӕцӕнгарзӕй кӕй фехстой, уый фӕстиуӕгӕн. Слестгӕнӕн органтӕ кусынц дыууӕ версийыл — амарын ӕмӕ хиамарын. Ацы уголовон хъуыддаджы фӕлгӕтты уагъд ӕрцыдысты цалдӕр эскпертизӕйы. Санахъоты Аннӕйы амарыны фӕдыл ӕрцахстой зӕрдӕхсайгӕ ӕмбӕстаджы — Знауыры районы милицийы хайады сӕргълӕууӕг Къуылыхты Мурманы.

"Уголовон хъуыддаг гом ӕрцыд УФ уголовон кодексы 105 статьяйы фӕлгӕтты. Фӕдагурӕн мадзӕлттӕ кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕнынц. Дыууӕ къуыримӕ ӕппӕт ӕрмӕджытӕ дӕр адӕтдзыстӕм тӕрхондонмӕ", — загъта Цгъойты Мераб.

Прокуроры ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕ куыст фесты УФ хъахъхъӕнынады министрады эксперттӕ дӕр, кӕцытӕ республикӕйы Генпрокуратурӕйы куырдиаты фӕстиуӕгӕн ауагътой хӕдбар фӕдагурӕн мадзӕлттӕ ацы сылгоймаджы амӕлӕты фӕдыл.

Ӕрӕджы президент Тыбылты Леонид фехъусын кодта, фӕмардуӕвӕг сылгоймаджы бинонтӕ йӕм кӕй бахатыдысты, фӕдагурӕн куыстытӕ кӕй ныддаргъ сты, уый фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0