Адӕмон парти: Уӕрӕсейы скондмӕ бацӕуын – Хуссар Иры ӕдасдзинады гарант

© Sputnik / Алексей КовалевАдӕмон партийы уӕнгтӕ
Адӕмон партийы уӕнгтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Адӕмон партийы уӕнгты уырны, ӕрмӕстдӕр Уӕрӕсейы сконды Хуссар Ирыстонмӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы размӕцыд ӕмӕ фидар ӕдасдзинады гарантитӕ.

ЦХИНВАЛ, 20 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны адӕмы фидӕнӕн нӕй уӕвӕн ӕнӕ Уӕрӕсейы скондмӕ бацӕугӕйӕ, дзырдӕуы Адӕмон партийы хъусынгӕнинаджы.

Президент Тыбылты Леонид къуырисӕры раразмӕ кодта Уӕрӕсейы скондмӕ бацӕуыны тыххӕй референдум ауадзыны хъуыды. Ацы хъӕппӕрисы фарс балӕууыдысты къорд политикон партитӕ ӕмӕ политикон архайджытӕ.

"Адӕмон парти у президенты хъӕппӕрисы фарс. Мах фидарӕй уырны, ӕрмӕстдӕр Уӕрӕсейы сконды Хуссар Ирыстоны кӕй уыдзӕн фидар ӕдасдзинад. Уый та ӕрӕвӕрдзӕн бындур республикӕйы социалон-экономикон ӕмӕ культурон рӕзтӕн ", — дзырдӕуы парламенты партийы хъусынгӕнинаджы.

Уымӕй дарддӕр ма, партийы уӕнгты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Уӕрӕсейы скондмӕ бацӕугӕйӕ, ирон ӕдӕм, кӕцытӕ нырдӕгӕн дих сты Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны ӕхсӕн паддзахадон арӕнӕй, баиу уыдзысты иу бӕстӕйы сконды.

"Дихгонд ирон адӕм хъуамӕ сӕххӕст кӕной сӕ бӕллиц Уӕрӕсеимӕ иу политикон ӕмӕ социалон-экономикон тыгъдады цӕрыны фӕдыл", — нымайынц Адӕмон партийы.

Партийы ма банысан кодтой, референдум кӕй рабӕрӕг кӕндзӕн Хуссар Ирыстоны цӕрджыты позици, фӕнды сӕ Уӕрӕсейы сконды уӕвын, ӕви сӕ зӕрды ис хицӕн хӕдбар паддзахад аразын, уый фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0