ЦХИНВАЛ, 20 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид Уӕрӕсейы президенты ӕххуысгӕнӕг Владислав Сурковимӕ йӕ фембӕлды рӕстӕджы нӕ дзырдта референдум ауадзыны тыххӕй, ныхас цыд интеграцимӕ тырнындзинадыл, фехъусын кодта УФ-йы президенты пресс-секретарь Дмитрий Песков.
Уымӕй размӕ Хуссар Ирыстоны президенты пресс-службӕ фехъусын кодта, Тыбылты Леонид кӕй фӕнд кӕны хъӕппӕрис равдисын Уӕрӕсейы скондмӕ бацӕуыны фӕдыл референдум ауадзыны тыххӕй. Президент Сурковимӕ фембӕлды рӕстӕджы бафиппайдта, Уӕрӕсейы скондмӕ бацӕуын кӕй у Хуссар Ирыстоны адӕмы ӕнусон бӕллиц.
"Кӕд ӕй ӕз раст ӕмбарын, уӕд фембӕлды (Сурковимӕ — ред.) ахӕм хъусинаг нӕ уыд", — загъта Песков.