РХИ адӕмон артисткӕ Гугкаты Эвелинӕйы тыххӕй исынц документалон киноныв

© FacebookРежиссер Кӕсойты Алан
Режиссер Кӕсойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гугкаты Эвелинӕйы ном айхъуыст, спектакль "Леди Макбет"-ы сӕйраг фӕлгонц куы сӕххӕст кодта, уый фӕстӕ. Лӕвӕрд ын ӕрцыд Гуырдзыстоны сгуыхт ӕмӕ Хуссар Ирыстоны адӕмон артискӕйы ном.

ЦХИНВАЛ, 20 окт — Sputnik, Хъотайты Мария. Режиссер Кӕсойты Алан исы документалон киноныв Хуссар Ирыстоны адӕмон артисткӕ Гугкаты Эвелинӕйы цард ӕмӕ сфӕлдыстадыл, радзырдта Sputnik Кӕсойты Алан.

Режиссер ныл цалдӕр хатт рацарӕзта ӕрӕмбырдгонд ӕрмӕг, фӕлӕ йӕ ныфс ис, киноныв кӕй сцӕттӕ уыдзӕн сӕрдмӕ.

"Фильм райдайдзӕн Эвелинӕйы ӕрцыдӕй йӕ райгуырӕн хъӕу Едысмӕ. Артисткӕ нӕ уыд уым 30 азы дӕргъы ӕмӕ мӕн фӕндыд йе ‘нкъарӕнтӕ ныффысон. Иу мӕйы дӕргъы йӕ разы кодтон, цӕмӕй Едысмӕ абалц уа. Дарддӕр ӕвдыст цӕуы театрмӕ йӕ бацыды истори, актрисӕйы сфӕлдыстад", — дзуры уый.

Кӕсойты Алан куыд банысан кодта, афтӕмӕй уый йӕ куыст фӕуыдаид азы кӕронмӕ, фӕлӕ йын нӕ фаг кӕнынц кадртӕ, кӕцытӕ ӕвдисынц артисткӕйы архайд сценӕйыл. Уымӕ гӕсгӕ, режиссеры бахъуыд кинонывыл куыст рӕстӕгмӕ ӕруромын. Ног кадртӕ уый сисдзӕн сӕрды, Мӕскуыйӕ Цхинвалмӕ куы ӕрцӕуа, уӕд.

Мӕскуыйы театралон ахуыргӕнӕндон фӕуды фӕстӕ Эвелинӕ йе ‘сфӕлдыстадон куыст райдыдта Цхинвалы, Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры. Йӕ ном айхъуыст, спектакль "Леди Макбет"-ы сӕйраг фӕлгонц куы сӕххӕст кодта, уый фӕстӕ. Лӕвӕрд ын ӕрцыд Гуырдзыстоны сгуыхт ӕмӕ Хуссар Ирыстоны адӕмон артискӕйы ном.

Кӕсойты Алан йӕ куыстытӕй алкӕцымӕ дӕр тырны бахӕссын националон элементтӕ — традицитӕ, ӕвзаг, ирон поэтты ӕмдзӕвгӕтӕ.

"Мӕ куыстытӕ фылдӕр бӕрцӕй арӕзт цыдысты бизнесмен Мӕргъиты Анатолийы финансон ӕххуысы фӕрцы. Уый мын ныр дӕр хатгай баххуыс кӕны, фӕлӕ мӕхи хӕрдзтӕй дӕр кусын", — загъта Кӕсойты Алан.

Ныридӕгӕн Кӕсойты Алан бадзырдта Мӕскуыйы Щукины номыл театралон ахуыргӕнӕндонимӕ, цӕмӕй йын рахицӕн кӕной сценӕ, цыран уый рӕстӕгӕй рӕстӕгмӕ уадздзӕн ирон фысджыты сфӕлдыстадон изӕртӕ.

Кӕсойты Алан ныридӕгӕн систа дӕс документалон кинонывы. Йӕ фӕстаг куыст "Рӕстӕг ӕмӕ Борис" ист ӕрцыд ирон орнаменталон аивады бындурӕвӕрӕг Багаты Борисы цардыл. Ӕвдыст ӕрцыд Мӕскуйы, фӕлӕ йӕ цхинвайлӕгтӕн равдисыны фадат нырма нӕ фӕзынд.

Ног хабӕртты лентӕ
0