"Иугонд Ирыстон": референдум ауадзынӕн хъӕуы снысан кӕнын бӕлвырд ӕмгъуыд

© Sputnik / Пресс-служба президента и правительства РЮОРХИ парламенты агъуыст
РХИ парламенты агъуыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Иугонд Ирыстон" зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Ирыстоны Уӕрӕсейы скондмӕ бакӕнын кӕй у партийы программӕйы бындур.

ЦХИНВАЛ, 20 окт — Sputnik. Парти "Иугонд Ирыстон" разы у президенты хъӕппӕрисимӕ Уӕрӕсейы скондмӕ бацӕуыны тыххӕй референдум ауадзыны фӕдыл, дзырдӕуы партийы хъусинаджы, кӕцы мыхуыр ӕрцыд РХИ парламенты сайтыл.

"Политикон бархъомыс равдисгӕйӕ, республикӕйы президент сарӕзта ныфсджын къахдзӕф ирон адӕмы националон идейӕ сӕххӕст кӕныны фӕдыл", —дзырдӕуы хъусинаджы.

"Иугонд Ирыстон" зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Уӕрӕсейы скондмӕ бацӕуыны фӕнд кӕй у партийы программӕйы бындур.Парти ивгъуыд азы райдайӕны сарӕзта куырдиат УФ президентмӕ, цӕмӕй арӕзт ӕрцӕуа Уӕрӕсейы скондмӕ бацӕуыны фӕдыл референдум.

"Иуӕй-иу бӕрнон кусджытӕ ӕмӕ политикон тыхты ӕндӕвдадмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, парти архайы Хуссар Иры Уӕрӕсейы скондмӕ бакӕныныл. Абон мах уынӕм, "Иугонд Ирыстон"-ы принципиалон позицийӕн кӕй ис ӕвӕрццаг фӕстиуджытӕ", — банысан кодтой партийы уӕнгтӕ.

"Иугонд Ирыстон"-ы централон комитет ма ӕнӕмӕнгхъӕуӕгыл нымайы референдум ауадзынӕн бӕлвырд ӕмгъуыд снысан кӕнын ӕмӕ ӕввахс рӕстӕджы ӕппӕт организацион фарстытӕ аскъуыддзаг кӕнын.

Уыимӕ иумӕ партийы нымайынц, референдум ауадзыны хъуыддаг кӕй ма хъуамӕ фӕиппӕрд кӕна Ӕмцӕдис ӕмӕ интеграцийы фӕдыл бадзырды реализаци кӕныны куыстӕй.

"Иугонд Ирыстон"-ӕн ис иууыл фылдӕр бынӕттӕ Хуссар Ирыстоны парламенты.

Ног хабӕртты лентӕ
0