Тыбылты Леонид лӕмбынӕг ӕрдзырдта Сурковимӕ йӕ фембӕлдыл

© Sputnik / Алексей Никольский /  Ахизын медиабанкмæХуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид
Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тыбылты Леонид куыд банысан кодта, афтӕмӕй Сурковимӕ йӕ фембӕлды официалон нывӕзты нӕ лӕууыд референдум ауадзыны тыххӕй хъӕппӕрис равдисыны фарст.

ЦХИНВАЛ, 21 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид дырысӕй ӕрдзырдта, Уӕрӕсейы президенты ӕххуысгӕнӕг Владислав Сурковимӕ йӕ фембӕлды цы фарстытӕ скъуыддзаг кодтой, уыдоныл.

Къуырисӕры президенты пресс-службӕ фехъусын кодта, зӕгъгӕ Тыбылты Леонид фӕнд кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсейы скондмӕ бацӕуыны фӕдыл референдум ауадзын. Уый тыххӕй, банысан кодтой пресс-службӕйы, президент загъта Сурковимӕ йӕ фембӕлды рӕстӕджы. Фӕстӕдӕр Уӕрӕсейы президенты пресс-секретарь Дмитрий Песков куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй фембӕлды дзырд цыд референдум нӕ, фӕлӕ интеграцион фарстытыл.

Ныр та республикӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕйы хъусинаджы дзырдӕуы, зӕгъгӕ 19 октябры 2015 азы Сурковимӕ кусӕгон фембӕлды рӕстӕджы дзырд цыд Инвестпрограммӕйы реализацийыл, мидӕггагон политикон уавӕрыл, Уӕрӕсеимӕ арфдӕр интеграцийы фарстытыл.

"Нӕ фембӕлды официалон нывӕзты нӕ лӕууыд референдум ауадзыны тыххӕй хъӕппӕрис равдисыны фарст. Уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, хуссарирыстойнаг адӕмӕн ацы фарсты стыр нысаниуӕг хынцгӕйӕ, ӕз, куыд бӕстӕйы президент, равдыстон цӕттӕдзинад референдум ауадзынмӕ", — банысан кодта Тыбылты Леонид.

Ног хабӕртты лентӕ
0