Цӕгат Иры сӕйраг уӕлдӕр ахуыргӕнӕндон нысан кӕны йӕ 95 азы юбилей

© Sputnik / Дзерасса БиазартиЦæгат Ирыстоны паддзахадон университет
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет ацы аз бæрæг кæны йæ 95 азы юбилей. Бӕрӕгбоны цытӕн ахуырадон уагдоны цӕуынц фембӕлдтӕ, равдыстытӕ. Мадзӕлтты нысан – фæлтæрты бастдзинад.

ЦХИНВАЛ, 21 окт — Sputnik. Цæгат Ирыстоны Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон университет ацы аз нысан кæны йæ 95 азы юбилей, хъусын кӕны 15 регион.

Бæрæгбоны мадзæлттæ æххæстгæнгæйæ университеты концертон залы фойæйы кад кодтой, ахуыргæнæндоны истори баст кæимæ у, уыцы ветерантæн.

"Æмбырды архайдтой университеты разамынд æмæ æрыгон ахуыргæнджытæ. Сæйраг нысӕнттæй иу у — фæлтæрты бастдзинад. Ветерантæ дзырдтой сæ мысинæгтæ, университеты цардæй ист цаутæ æмæ педагогы дæсниады ахадындзинадыл", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Юбилейы цытӕн арӕзт ӕрцыд цалдӕр равдысты дӕр. Бацæттæ сæ кодтой хицæн студенттæ, факультеттæ æмæ ансамблы сфæлдыстадон къорд.

Зæронд къамтæй конд экспозицийы та фенæн ис, Ирыстоны ахуырады истори кæмæй райдыдта æмæ йæхæдæг университеты историйы хай чи ссис, ахæм адæмы хуызистытæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0