Иу нывы истори

© Sputnik / Дзерасса БиазартиСабанты Хаджумары ныв "Фӕдзӕгъӕл"
Сабанты Хаджумары ныв Фӕдзӕгъӕл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Фӕдзӕгъӕл" у Сабанты Хаджумары хуыздӕр нывтӕй сӕ иу. Уымӕ кӕсгӕйӕ, зын бауырнӕн у, сабыр хъӕды сыгъзӕрин бӕлӕсты фӕстӕ кӕй ис оккупацигонд хъӕу Дур-Дур ӕмӕ дзы цӕуынц тугкалӕн тохтӕ Дзӕуджыхъӕуы сӕрыл.

ЦХИНВАЛ, 21 окт — Sputnik, Биазырты Дзерассӕ. Сыгъзӕрин рухс кӕны фӕззыгон хъӕд, чысыл чызг стымбылтӕ ис, афтӕмӕй фынӕй кӕны хус кӕрдӕгыл. Хӕстӕг ӕм лӕууынц дыууӕ фыййауы, иу дзы лӕууы зоныгуылӕй ӕмӕ йӕ къухтӕ айтынг кодта сабимӕ. Чысыл фалдӕр та ӕрбынат кодта фысты дзуг.

Фыццаг бакастӕй — националон колориты пастораль, фӕлӕ Sputnik уацхӕссӕг куыд рабӕрӕг кодта, афтӕмӕй ирон нывгӕнӕг-примитивист Сабанты Хаджумары ныв "Фӕдзӕгъӕл" баст у Кавказы сӕрыл тохы иу эпизодимӕ.

1942 азы немыцӕгтӕ бырстой Цӕгат Ирыстоны столицӕмӕ. Октябры, Эльхоты дуӕртты цур басасты фӕстӕ, вермахты къордтӕ бахъавыдысты Дзӕуджыхъӕумӕ Налцыккы ӕрдыгӕй бабырсын. Ӕфсӕддон-ирон ӕмӕ Ӕфсӕддон-гуырдзиаг фӕндӕгтӕм бырсгӕйӕ, знаг бацахста Чикола, Дигора, Алагир ӕмӕ ӕндӕр цӕрӕн пункттӕ.

Уӕдмӕ мӕ фыды амардтой фронты…,- мысы Сабанты Хаджумар — мах цардыстӕм Дур-Дуры. Уырдӕм алыгъдыстӕм дыгурон Нарӕй 40-ӕм ӕзты.

Хаджумар хъуыды кӕны, йӕ бинонтимӕ куыд ӕрхызтызты хӕхтӕй уӕрдоныл, фӕндаг цыд хъӕды уылты. Хъӕды талынгмӕ дзыназгӕйӕ, чысыл Хаджумар цӕттӕйӕ дардта стыр дуртӕ. Фӕндагыл сыл арс куы амбӕла, уый тасӕй сывӕллӕттӕ уӕрдоныл сӕвӕрдтой стыр дойнагдуртӕ.

1941 азы сӕ фыд ацыд фронтмӕ ӕмӕ уайтагъд фӕмард. Хаджумарыл цыд 13 азы, немыцӕгтӕ Дур-Дурмӕ куы ӕрбабырстой, уӕд. 86-аздзыд нывгӕнӕджы мысинӕгтӕм гӕсгӕ, уыцы бон уыд хъарм боныгъӕд. Сабыр бон, кӕцы йемыдзаг уыд сагъӕстӕ ӕмӕ фыдӕбӕттӕй, ӕрдӕгыл ӕрбаскъуыдтой сонт хъӕртӕ: "Немыцӕгтӕ! Немыцӕгтӕ ӕрбацӕуынц!"

Адӕм сӕмтъеры сты, цӕрджытӕ алыгъдысты хъӕдмӕ. Алырдӕм лыгъдысты чысыл сывӕллӕттӕ дӕр, ацы хъомпалы хъӕдмӕ алыгъд фондзаздзыд Гуырдзыбегты Заретӕ дӕр.

Дур-Дур бацахсгӕйӕ, немыцӕгтӕ ӕрбынат кодтой бынӕттон цӕрджыты хӕдзӕртты. Ӕртӕ немыцаг офицеры, сӕ иу фӕцӕф, афтӕмӕй ӕрбынат кодтой Сабанты хӕдзары дӕр.

"Цӕф офицер мын загъта немыцагау, цӕмӕй рахизон сынтӕгӕй ӕмӕ йӕ бауадзон ӕрхуыссын. Мӕ мад та мын иронау: "Хуысс! Ма сыст!" Уый: "Рахиз!", мӕ мад та: "Ма рахиз!" Ӕз куы иумӕ бакӕсын, стӕй иннӕмӕ, ӕмӕ нал зыдтон, кӕй ныхасмӕ байхъусон. Уӕдмӕ немыцаг йӕхи нал баурӕдта, мӕ къухмӕ мын фӕлӕбурдта, раппӕрста мӕ сынтӕгӕй ӕмӕ ӕрхуыссыд мӕ сынтӕгыл", — дзуры нывгӕнӕг.

© Sputnik / Дзерасса БиазартиНывгӕнӕг Сабанты Хаджумар.
Художник Хаджумар Сабанов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Нывгӕнӕг Сабанты Хаджумар.

Немыцӕгтӕ Ирыстоны куы уыдысты, уый тыххӕй баззад алыгъуызон мысинӕгтӕ. Сабанты Хаджумары ныхӕстӕм гӕсгӕ, немыцӕгты къордтӕ Дур-Дуры сырды митӕ нӕ кодтой. Изӕрӕй адӕм райдыдтой сӕ хӕдзӕрттӕм здӕхын. Уӕд рабӕрӕг, чысыл Заретӕ кӕй фесӕфт.

"Ӕнӕхъӕн хъӕу рацыд йӕ агурӕг, агуырдтам ӕнӕхъӕн ӕхсӕв ӕмӕ ма дыккаг бон дӕр. Цалдӕр бон хъӕуы цӕрджытӕ сгӕрстой территори, фӕлӕ сӕ къухты ницы ӕнтыст бафтыд, чысыл чызг фесӕфт. Ничиуал уыд ӕнхъӕл, ӕмӕ ма удӕгас разына", — дзуры нывгӕнӕг.

Фӕлӕ 12 боны фӕстӕ сабийы ӕнӕнхъӕлӕджы ссардтой фыййӕуттӕ. Мӕсчъыдоны цур, фӕлдӕхт бӕласы бын ӕхсӕв фынӕй кодта, хус кӕрдӕджы нынныгъуылгӕйӕ, боны та йӕхи хурмӕ тавта, нуӕзта дон, хордта гагадыргътӕ. Дыууадӕсӕм боны кӕронмӕ йӕ тыхтӕ афтӕ ацыдысты, ӕмӕ фыййӕутты хъусгӕйӕ йӕ бон ӕххуысмӕ фӕдзурын дӕр нал уыд.

Фыййӕуттӕ сабийы нӕ федтой. Сывӕллоны фервӕзын кодта фысты дзуг — уыдон райдыдтой фурттытæ кæнын ӕмӕ сӕ сӕфтӕджытӕй зӕхх хойын. Фыййӕуттӕ Заретӕйы удӕгас ӕмӕ ӕнӕхъӕнӕй хъӕумӕ куы ӕрбахастой, уӕд хъӕуы цӕрджыты дис ӕмӕ цинӕн кӕрон нал уыд.

Фӕстӕдӕр, Уӕлладжыры комы ӕмӕ Дзӕуджыхъӕумӕ бацӕуӕны немыцӕгтӕ урӕд ӕрцыдысты, уымӕ стыр хайбавӕрд бахастой бынӕттон цӕрджытӕ дӕр. Цыдысты карз тохтӕ. Фӕлӕ Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты ацы эпизодӕн, цӕмӕдӕр гӕсгӕ, ӕмбӕлон аргъ конд не `рцыд. Ӕрмӕстдӕр дӕсгай ӕзты фӕстӕ Дзӕуджыхъӕуӕн лӕвӕрд ӕрцыд Ӕфсӕддон Кады горӕты ном.

Ӕнӕ классикон ахуырадӕй, Сабанты Хаджумар аивадыл фӕхӕст асӕй, йӕ фыццаг куыст сарӕзта 40-аздзыдӕй. Йӕ куыстыты сӕйраг сюжет — ивгъуыд ӕнусы сабыр Ирыстоны фӕлгонц, мифологон сюжеттӕ, фынтӕ, фантазитӕ, афтӕ ма нывгӕнӕджы сабийы мысинӕгтӕ, сӕ иу — чысыл Заретӕ.

"Фӕдзӕгъӕл" у нывгӕнӕджы хуыздӕр куыстытӕй сӕ иу. Уымӕ кӕсгӕйӕ, зын бауырнӕн у, сабыр хъӕды сыгъзӕрин бӕлӕсты фӕстӕ кӕй ис оккупацигонд хъӕу Дур-Дур ӕмӕ дзы цӕуынц тугкалӕн тохтӕ Дзӕуджыхъӕуы сӕрыл.

Гуырдзыбегты Заретӕ байрӕзт ӕмӕ ссис ахуыргӕнӕг. Бирӕ ӕзты фӕстӕ, уый куы базыдта Сабанты Хаджумар йӕ фервӕзты цау кӕттагыл кӕй банысан кодта, уӕд, ас сылгоймаг уӕвгӕйӕ, фӕуазӕг нывгӕнӕгмӕ. Хаджумары ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныв йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд, сылгоймаг бирӕ рӕстӕг лӕууыд кӕттаджы раз, ӕмӕ йӕ зӕрдыл лӕууын кодта уӕды рӕстӕджы хабӕрттӕ.

"Фӕдзӕгъӕл" абон ӕвӕрд у Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон музейы фонды.

Ног хабӕртты лентӕ
0