Рауль Хаджимба нæ фæнд кæны йæ бынатæй ацæуын оппозицийы домæнмæ гæсгæ

© Sputnik / Алексей Никольский /  Ахизын медиабанкмæАбхазы президент Рауль Хаджимба
Абхазы президент Рауль Хаджимба - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Оппозицион партитæ домынц, цæмæй Абхазы президент ацæуа йæ бынатæй. Науæд уыдон ауадздзысты æппæтадæмон æмбырд. Рауль Хаджимба загъта, кæй нæ ацæудзæн йæ бынатæй 2019 азмæ.

ЦХИНВАЛ, 22 окт — Sputnik. Абхазы президент Рауль Хаджимба загъта, кæй нæ ацæудзæн йæ бынатæй, цалынмæ йæ æххæстбарты æмгъуыд кæронмæ бахæццæ уа, уæдмæ, хъусын кæны Sputnik Абхазия.

Абхазы оппозицион парти "Амцахара" æртыццæджы æнæрадон съезды рæстæджы æрдомдта, цæмæй президент йæ бынатæй ацæуа æмæ нысангонд æрцæуой ног æвзæрстытæ.

Оппозицийы акцийы фæстæ та архайгæ хицауады фарс хæцынæн Абхазаг театры раз уагъд æрцыд митинг. Йæ архайджытæ оппозицийы домæн рахуыдтой æнæбындурон.

"Адæм хъуамæ зоной, бæстæйы уавæр ивын гæнæн нæй æрмæстдæр уый тыххæй, æмæ кæйдæр афтæ фæнды. Æз иузæрдион дæн, инаугурацийы рæстæджы цы ард бахордтон, уымæн. Æз æппæтдæр араздзæн, цæмæй нæ цард фæхуыздæр уа, æмæ нын уый бантысдзæн иумæйагæй. Мæнæн мæ æмгъуыды рæстæг у 2019 азмæ", — загъта Хаджимба, митингы архайджыты раз.

Уый ма банысан кодта, паддзахад кæй хъуамæ райса мадзæлттæ, цæмæй хицауад суа хæдбар финансон фадыджы æмæ ифтонг кæна хицауады æппæт институтты куыст.

Æртыццæджы Сухумы байгом Республикон политикон парти "Амцахара"-йы VI æнæрадон съезд, Абхазы оппозицион тыхты блокы сконды цы партитæ æмæ организацитæ ис, уыдон хайадистæй. Оппозици æрдомдта, цæмæй архайæг президент йæ бынатæй ацæуа æмæ нысангонд æрцæуой ног æвзæрстытæ.

Кæд æмæ Хаджимба йæ бынатæй ацæуыны фарст нæ аскъуыддзаг кæна æввахс рæстæджы, уæд оппозици ауаддзæн æппæтадæмон æмбырд, дзырдæуы съезды хайадисджытæ цы резолюци райстой, уым.

Уый æмрæстæджы, Хаджимбайы фарслæуджыты митингы райстæуыд сæхи резолюци, цыран дзырдæуы, зӕгъгӕ Хаджимба паддзахады сæргъ цы рæстæг лæууы, уæдӕй фӕстӕмӕ бæстæйы царды алыгъуызон сферæты ис æнтыстытæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0