Йæ цардæй ахицæн зынгӕ ирон кинооператор Темыраты Мирон

© Sputnik / архивон къамЗынгӕ ирон кинооператор Темыраты Мирон
Зынгӕ ирон кинооператор Темыраты Мирон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгат Ирыстоны паддзахадон телерадиокомпани "Алания" Темыраты Мироны номыл бакодта преми оператортӕн. 30 мин сомы лӕвӕрд цӕудзӕн ӕрвылаз дӕр ацы профессийы ирддӕр минӕвӕрттӕн.

ЦХИНВАЛ, 22 окт — Sputnik. Йæ цардæй ахицæн зынгӕ ирон кинооператор, къамисæг, Уæрæсейы кинематографистты уæнг, Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг Темыраты Мирон, хъусын кӕны ПТРК "Алания".

Темыраты Мироныл цыд ӕстай азы. Йӕ фыццаг стыр æнтыст уыд аивадон киноныв «Человек-амфибия». Уый фæстæ Темыраты Мирон ӕрӕздӕхт Ирыстонмæ ӕмӕ ам адарддӕр кодта йӕ архайд.

"Йæ хъысмæт уыд Цæгат Кавказы кино æмæ телеуынынад. Ам систа дæсгай киноочерктæ æмæ новеллæтæ, хабæртты сæдæгай сюжеттæ, цалдæр аивадон æмæ документалон кинонывы. Темыраты Мирон бирæ азты ахуыр кодта студентты. Йæ фæстæ ныууагъта егъау фотоархив", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Темыраты Миронӕн уыд зын, фæлæ цымидисаг цардвæндаг. Зындгонд кинематографист суæвыны размæ Мирон йæхиуыл банкъардта хæсты фæстæ æххормаг азтæ. Уый фæстæ уыдысты ахуыры азтæ Кинематографийы Æппæтуæрæсейон Паддзахадон Институты. Каст æй куы фæци, уæд практикæ кодта «Ленфильм»-ы Андрей Москвины операторты скъолайы. Ис ын ахӕм куыстытӕ куыд: "Ирыстоны хъӕбул", "Уалдзӕджы къӕсӕрыл", "Невайы доныбылтӕм балц", "Ирон легендӕ", "Терчы лӕвӕрттӕ" æмæ бирæ æндæртæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0