Хуссар Иры сабидӕтты сывӕллӕтты зонгӕ кӕндзысты ирон нывгӕнджыты сфӕлдыстадимӕ

© Sputnik / Ада БагианХуссар Иры сабидӕтты сывӕллӕтты зонгӕ кӕндзысты ирон нывгӕнджыты сфӕлдыстадимӕ
Хуссар Иры сабидӕтты сывӕллӕтты зонгӕ кӕндзысты ирон нывгӕнджыты сфӕлдыстадимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Скъолайы агъоммӕ уагдӕтӕн ныр цалдӕр азы дӕргъы РХИ Ахуырады министрады закъазмӕ гӕсгӕ сӕрмагонд программӕ "Малусӕг"-ы фӕлгӕтты уагъд цӕуынц хъомылгӕнджытӕн æххуысы чингуытӕ. Чингуыты цӕттӕ кӕны сӕрмагонд кусӕгон къорд ӕвзагзонӕг Битарты Зояйы сӕргълӕудӕй.

ЦХИНВАЛ, 23 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны сабидӕттӕн уагъд ӕрцыд Нывафыстон архайды методикон бацамындтыты чиныг. Чиныг рацыд республикӕйы сабидӕтты иумӕйаг ахуырадон программӕ "Малусӕг"-ы фӕлгӕтты, бацӕттӕ йӕ кодта РХИ аивӕдты сгуыхт архайӕг Ӕлборты Ӕхсӕртӕг.

Ирон ӕвзаджы райрӕзт ӕмӕ парахат кӕныны сӕраппонд Хуссар Ирыстоны сабидӕттӕн сарӕзтӕуыд иумӕйаг ахуырадон программӕ "Малусӕг". Программӕйы фӕлгӕтты рацыд бирӕ чингуытӕ, ахуырадон ӕмӕ методикон ӕрмӕджытӕ. 2015 азы цы ӕххуысгӕнӕн чингуытӕ рацыдысты мыхуыры, уыдонӕн иумӕйаг презентаци ацӕудзӕн ӕввахс рӕстӕджы.

"Чиныг арӕзт ӕрцыд Уӕрӕсейы ахуырадон стандарттӕм ӕнгӕс, фӕлӕ ирон националон удыхъӕдимӕ. Сӕрмагондӕй у сабидӕтты цӕттӕгӕнӕн кълӕсты хъомылгӕнджытӕн. Бахастон дзы ӕмдзӕвгӕтӕ, уыци-уыцитӕ. Ӕвзонг чиныгкӕсӕг ацы рауагъды фӕрцы базонгӕ уыдзӕн нӕ нывгӕнджытимӕ ӕмӕ се ‘сфӕлдыстадимӕ", — радзырдта Sputnik чиныджы автор-аразӕг Ӕлборты Ӕхсӕртӕг.

Уый ма куыд банысан кодта, афтӕмӕй чиныг конд у дыууӕ хаййӕ — уырыссаг ӕмӕ ирон ӕвзӕгтыл.

Скъолайы агъоммӕ уагдӕтӕн ныр цалдӕр азы дӕргъы РХИ Ахуырады министрады закъазмӕ гӕсгӕ сӕрмагонд программӕ "Малусӕг"-ы фӕлгӕтты уагъд цӕуынц хъомылгӕнджытӕн æххуысы чингуытӕ. Чингуыты цӕттӕ кӕны сӕрмагонд кусӕгон къорд ӕвзагзонӕг Битарты Зояйы сӕргълӕудӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0