Къуындæг уавæрты цæрæг бинонты хæдзæрттыл рейд

© Sputnik / Диана КозаеваКъуындæг уавæрты цæрæг бинонты хæдзæрттыл рейд
Къуындæг уавæрты цæрæг бинонты хæдзæрттыл  рейд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Радон рейды рæстæджы æнахъомты æхсæн фыдракæндтæ ма руадзыны фæдыл хайады ( ÆФРХ) минæвар æмæ Цхинвалы мэрияйы цур æнахъомты хъуыддæгты фæдыл къамисы сæргълæууæг бацыдысты къуындæг уавæрты цæрæг æртæ бинонтæм.

ЦХИНВАЛ, 23 окт — Sputnik, Козаты Диана. Оксана Олейникы хæдзар хорз зонгæ у Æнахъомты æхсæн фыдракæндтæ ма руадзыны фæдыл хайады æмæ Цхинвалы мэрияйы цур æнахъомты хъуыддæгты фæдыл къамисы кусджытæн.

Ацы сылгоймаджы хæдзар цалдæр аз лæууы ÆФРХ-ы прфилактивон хыгъды æмæ нымад цæуы къуындæг уавæрты цæрæгыл.

Радон рейды рæстæджы йæм цыппæрæмы бацыдысты ÆФРХ-ы минæвар Бететы Иринæ æмæ Цхинвалы мэрияйы цур æнахъомты хъуыддæгты фæдыл къамисы сæргълæууæг Хъазиты Хатунæ.

"Ахæм рейдтæ горæты мидхъуыддæгты хайады кусджытæ уадзынц æрвылкъуыри, хорз зонгæ сын у алкæцы хæдзар дæр, зонынц, цы фыдæбойнаг уавæрты дзы сты сывæллæттæ", — дзуры Бететы Иринæ.

Афтæ разынд Оксана Олейникы хæдзары дæр. Бынтон антисанитари æмæ æнæ исты æнцойуатæй уый "хъомыл кæны" 12-аздзыд лæппуйы. Рейды хайадисджытæ сывæллоны баййæфтой рынчынæй, фæлæ мадæн йæ бон не ссис бамбарын кæнын, цæмæй рынчын у йæ иунæг сывæллон. Дохтыртæм æй нæ бакодта, "хос ын кæны" йæхæдæг.

© Sputnik / Диана КозаеваБынтон антисанитари æмæ æнæ исты æнцойуатæй сылгоймаг "хъомыл кæны" 12-аздзыд лæппуйы.
Рейд по неблагополучным семьям - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бынтон антисанитари æмæ æнæ исты æнцойуатæй сылгоймаг "хъомыл кæны" 12-аздзыд лæппуйы.

Хъазиты Хатунæ бафæдзæхста мады, зæгъгæ абон дохтырмæ куы нæ акæна сывæллоны, уæд æм ист æрцæудзæн æндæр мадзæлттæ. Бынатæй фехъусын кодта сывæллоны уавæры тыххæй скъола-интернаты къухдариуæгадæн æмæ бафæдзæхста, цæмæй сæ хъус фæдарой сывæллонмæ.

"Райсом та æрбацæудзæн æмæ бабæрæг кæндзæн, цы уавæры ис сывæллон", — бафæдзæхста уый.

Хæдзары кæрты æнхъæлмæ кæсы сыхаг сылгоймаг, кæцы радон хатт хъаст кæны ацы бинонтæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, сыхæгтæ бафæлладысты ацы сылгоймагимæ хыл кæнынæй æмæ милицимæ дзурынæй.

"Ацы фатеры иууыл кæнынц нуазгæ. Мад цæры цавæрдæр нæлгоймагимæ, семæ цæрынц сылгоймаджы æфсымæр æмæ ма ноджы иу сылгоймаг, кæцы раздæр бадт ахæстоны. Фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй уыцы хабар ам ничи зыдта. Сывæллоны ничи ницæмæ дары. Хистæртæ куы баназынц, уæд æй бынтондæр æддæмæ расурынц. Хæдзары ис антисанитари", — дзуры сыхаг сылгоймаг.

Рейды хайадисджытæ ма бацыдысты ноджы иу адресыл, цыран цæры фондзсывæллонджын мад æмæ æнхъæлмæ кæсы æхсæзæммæ. Хæдзармæ бацæуæн дæр нæй — йæ асин ис æдзæллаг уавæры. Уымæ гæсгæ сæвзæрд фарст — ахæм асиныл куыд хизынц сывæллæттæ æмæ ӕвгъӕддон сылгоймаг?

Фыццаг бакастæй хæдзар у сыгъдæг, æфснайд, бæттæнтыл сур кæны сывæллæтты дарæс, стъолыл — æхсад мигæнæнтæ. Ныййарæг Дудайты Зоя, кæцы бирæхатт баййæфта фæдзæхст нозтджын уавæры тыххæй, ныр у æрвонг.

"Алыхатт хæдзары ахæм сыгъдæг уавæр не `рбаййафæм. Цалдæр хатт æй фæтæрсын кодтам, зæгъгæ ма дæ иухатт дæр куы æрбаййафæм нозтджынæй, уæд ын байсдзыстæм йæ ныййарæджы бартæ", — дзуры горæты мидхъуыддæгты хайады кусæг.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, сылгоймагæн ис закъонон цардæмбал, кæцы дзæбæх кусы, фæлæ æвæццæгæн, бинонтæ раст нæ пайда кæнынц се ‘хцайы фæрæзтæй.

Абоны рейдты хыгъды ма ис бинонтæ, цыран æрдæгазы размæ райгуырд æхсæрдæсæм сывæллон. Хæдзар у чъизи, смаг, ныййарджытæй хæдзары ничи ис. Сывæллæтты ныхæстæм гæсгæ, уыдон сты хъæуты, æхсæзмæйдзыд сывæллоны ныууагътой хистæр сывæллæттæй иуы æвджид. Уый уазджытыл бынтон хæларзæрдæйæ нæ сæмбæлд, нæ уадзы исын камерæйыл уавæр.

© Sputnik / Диана КозаеваБинонтæн коттедж рахицæн кодтой бынтон æрæджы, фæлæ мидæмæ бахизгæйæ зын бауырнæн у, хæдзары арæзтадыл кæй цæуы æрмæстдæр цалдæр аз.
Рейд по неблагополучным семьям - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бинонтæн коттедж рахицæн кодтой бынтон æрæджы, фæлæ мидæмæ бахизгæйæ зын бауырнæн у, хæдзары арæзтадыл кæй цæуы æрмæстдæр цалдæр аз.

"Мæскуыйаг" микрорайоны бинонтæн коттедж рахицæн кодтой бынтон æрæджы, фæлæ мидæмæ бахизгæйæ зын бауырнæн у, хæдзары арæзтадыл кæй цæуы æрмæстдæр цалдæр аз. Стыгъд дуæрттæ, хуынчъытæ къултæ — раст ахæм ныв ис нæ цæстыты раз.

Кæстæр сывæллæттæ сабидонмæ нæ цæуынц, хистæр лæппу та рагæй ис горæты мидхъуыддæгты хайады хыгъды. Кæд нырма бынтон æрыгон у, уæддæр æй цалдæр хатт баййæфтой нозтджынæй.

Ахæм бинонты нымæц, кæцытæ сты ÆФРХ-ы профилактикон хыгъды, æдæппæт у 21. Сæ фылдæр сты бирæсывæллонджынтæ, цыран ис сывæллæттæ иу азæй 18 азы кары онг. Горæты мидхъуыддæгты хайады кусджытæ рæстæгæй рæстæгмæ уадзынц рейдон мадзæлттæ, ныййарджытимæ кæнынц прфилактикон куыст.

Фæлæ Бететы Иринæйы нымадмæ гæсгæ, ацы къахдзæфтæн уадиссаг ницы æвæрццаг фæстиуджытæ ис. Ахæм бинонты цы сывæллæттæ рæзынц, уыдонмæ ныййарджыты æрдыгæй ницы хъусдард ис.

"Ахæм наййарджытæн сæ бартæ байсын нæ, фæлæ ма нæ бон нæу сæ бартæ фæкъаддæр кæнын дæр, уымæн æмæ стæй сывæллæтты цы фæкæнæм, уый нын нæй. Республикæйы нæй аздæттæ, сывæллæтты хæдзæрттæ, уымæ гæсгæ нæ бон нæу сывæллоны бинонтæй байсын",- дзуры Бететы Иринæ.

Ацы фарсты стырдæр проблемæ у, кæй нæм нӕй аздæттæ æмæ сывæллæтты хæдзæрттæ, цыран сывæллæттæн лæвæрд цæуид, сæхи ныййарджытæн сын сæ бон раттын цы нæ у, уый — хъусдард æмæ хъомылад.

Ног хабӕртты лентӕ
0