Хуссар Иры тугдзых сырдтӕ куынӕг цӕудзысты комплексон программӕмӕ гӕсгӕ

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæЦуанон
Цуанон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тугдзых сырдтӕ скуынӕг кӕнын ӕмӕ тӕссаг низтӕ рапарахат кӕнын ма руадзыны оххыл Хуссар Ирыстоны фидаргонд ӕрцыд комплексон нысанмӕздӕхт программӕ, кӕцы архайдзӕн 2015-2016 азты.

ЦХИНВАЛ, 23 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны зианхӕссӕг тугдзых сырдтӕ куынӕг цӕудзысты Республикон комплексон нысанмӕздӕхт программӕйы фӕлгӕтты, фехъусын кодта Sputnik геологи, экологи ӕмӕ ӕрдзӕй пайда кӕныны комитеты минӕвар Гӕззаты Юрий.

Тугдзых сырдтӕ хъӕдты афтӕ сбирӕ сты, ӕмӕ бирӕгътӕ, хъӕддаг куыйтӕ ӕмӕ куыдзгъуз бирӕгътӕ лӕбурынц канд хӕдзарон фосмӕ нӕ, фӕлӕ ма хатт адӕймагыл дӕр нӕ бацауӕрдынц. Уӕлдай тынгдӕр сырдтӕ лӕбурын райдайынц зымӕгон рӕстӕг. Афтӕ ма хъӕддаг тугдзых сырдтӕ сты бирӕ тӕссаг низтӕ парахатгӕнджытӕ, уыдон ӕхсӕн ӕррайы низ дӕр.

Уый фӕдыл республикӕйы хицауад сфидар кодта комплексон нысанмӕздӕхт программӕ ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цуанонтӕ куынӕг кӕндзысты сырдты.

"Бирӕ ӕзты дӕргъы ахӕм программӕ фыццаг хатт фидаргонд ӕрцыд хицауады уынаффӕмӕ гӕсгӕ. Йӕ саразыны хъуыды раразмӕ кодтой республикӕйы санитарон службӕтӕ. Хуыцаубоны нын ацӕудзӕн фембӕлд республикӕйы цуанонты цӕдисы минӕвӕрттимӕ, цыран сфидар кӕндзыстӕм нӕ куысты нывӕзт", — радзырдта Гӕззаты Юрий.

Уый ма банысан кодта, цуанонты мобилон къордтӕ кӕй цӕудзысты республикӕйы алкӕцы районмӕ дӕр.

"Бамбал ма иу сӕм уыдзысты бынӕттон цӕрджытӕ дӕр. Тугдзых сырд чи амара, уыдонӕн лӕвӕрд цӕудзысты ӕхцайы премитӕ", — загъта комитеты минӕвар.

Комплексон нысанмӕздӕхт программӕ ӕххӕст цӕудзӕн 2015-2016 азты.

Ног хабӕртты лентӕ
0